Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 4:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Сындзыты ӕхсӕн цы нӕмгуытӕ байтыдӕуыд, уыдон та сты ахӕм адӕймӕгтӕ: фехъусынц ныхас,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 4:18
6 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн афтӕ зӕгъы: «Уӕхицӕн бахуым кӕнут ног зӕхх, какон сындзыты ’хсӕн ма таут!


Сындзыты ӕхсӕн цы нӕмыг ӕрхауди, уый та у ахӕм адӕймаг: ныхас фехъусы, фӕлӕ йын ӕй зӕххон царды мӕт ӕмӕ мулчы бӕллиц сӕ быны фӕкӕнынц, ӕмӕ ницы дыргъ ӕрхӕссы.


фӕлӕ ӕнӕуидаг сты, ӕмӕ сын бирӕ нӕ ахӕссы. Тыхст рӕстӕг куы ралӕууы, кӕнӕ Хуыцауы ныхасы тыххӕй ӕфхӕрын куы райдайынц, уӕд уайтагъд ныууадзынц сӕ уырнындзинад.


фӕлӕ сын ӕй зӕххон царды мӕт, мулчы бӕллиц ӕмӕ ӕндӕр ахӕм монцтӕ сӕ быны фӕкӕнынц, ӕмӕ пайда нӕ ратты.


Цасдӕр дзы ӕрхауди сындзыты ӕхсӕн; сындзытӕ сырӕзтысты ӕмӕ сӕ фӕбынӕй кодтой, ӕмӕ нӕмгуытӕ тыллӕг нӕ радтой.


Сындзыты ӕхсӕн чи ӕрхауд, уыдон та фехъусынц ныхас, фӕлӕ царды мӕт, мулк ӕмӕ зӕххон хиирхӕфсӕнтӕн сӕ быны фӕвӕййынц, ӕмӕ сын ницы пайда ӕрхӕссы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan