16 Дурджын ран кӕй байтыдӕуыд, уыдоны ӕнгӕс та сты ахӕм адӕймӕгтӕ: куыддӕр ныхас фехъусынц, афтӕ йӕ, цингӕнгӕ, сӕ зӕрдӕмӕ айсынц,
Сыджыт фаг кӕм нӕ уыд, ахӕм дурджын ран дӕр дзы ӕрхауди, ӕмӕ уайтагъд сӕвзӕрдысты, уымӕн ӕмӕ зӕххы арф нӕ ацыдысты.
Фӕндаггӕрон цы нӕмгуытӕ ӕрхауди, уыдоны ӕнгӕс сты ахӕм адӕймӕгтӕ: куыддӕр ныхас фехъусынц, афтӕ сайтан сӕ уӕлхъус алӕууы ӕмӕ сын ӕй аскъӕфы сӕ зӕрдӕйӕ.
фӕлӕ ӕнӕуидаг сты, ӕмӕ сын бирӕ нӕ ахӕссы. Тыхст рӕстӕг куы ралӕууы, кӕнӕ Хуыцауы ныхасы тыххӕй ӕфхӕрын куы райдайынц, уӕд уайтагъд ныууадзынц сӕ уырнындзинад.
Уымӕн ӕмӕ Ирод тарстис Иоаннӕй; раст ӕмӕ сыгъдӕг адӕймаг кӕй у, уый зыдта ӕмӕ йыл йӕ арм дардта. Кӕд-иу Иоанны ныхӕстӕй фӕкъӕмдзӕстыг ис, уӕддӕр ӕм хъуыста ӕхсызгонӕй.
Дурджын ран чи ӕрхауд, уыдон та фехъусынц ныхас, ӕхсызгонӕй йӕ айсынц сӕ зӕрдӕмӕ, фӕлӕ ӕнӕуидаг сты — рӕстӕгмӕ ӕууӕндынц, фӕлварӕнты куы бахауынц, уӕд сӕ уырнындзинад уайтагъд фӕцыдӕр вӕййы.
Иоанн уыди цырагъ — сыгъди ӕмӕ рухс кодта, сымах та уыцы цыбыр рӕстӕг фӕндыди йӕ рухсмӕ цин кӕнын.
Агриппӕ загъта Павелӕн: «Ӕгӕр тагъд мӕ нӕ чырыстон кӕныс?»
Симон йӕхӕдӕг дӕр баууӕндыд, аргъуыд райста ӕмӕ иудадзыг уыди Филиппимӕ; дис кодта, цы стыр ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ федта, уыдоныл.