Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 3:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Йерусалим, Идумей ӕмӕ Иорданы фаллаг фарсӕй. Тир ӕмӕ Сидоны алфамбылайӕ дӕр Ӕм адӕм къордтӕй цыдысты, Йӕ хъуыддӕгты кой Йын куы фехъуыстой, уӕд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 3:8
18 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг Хуыцау немӕ ис, Йаковы Хуыцау — нӕ сӕрылхӕцӕг.


Хъизӕмарӕй мӕлын, мӕрдтыбӕсты къӕсӕрыл лӕууын.


Уӕлӕрвты кардӕлвӕстӕй лӕууы Дунедарӕг, тӕрхон кӕнынмӕ ӕрхиздзӕн Едоммӕ, Йӕ азары амӕттаг бакӕнинаг кӕй у, уыцы адӕммӕ.


Израилы исбон куы ныггӕныстон, уӕд ды ууыл кӕй цин кодтай, уый тыххӕй дын Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ ды дӕр, Сеиры хох, заууатмӕ ӕрцӕудзынӕ, стӕй ӕппӕт Едом. Ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“».


афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Мӕ маст пиллон уагъта, афтӕмӕй Ӕз дзырдтон иннӕ адӕмты ныхмӕ, уыимӕ ӕппӕт Едомы ныхмӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ зӕхх бакодтой сӕ исбон, цинӕй райгӕйӕ ӕмӕ ӕлгъгӕнгӕйӕ».


«Сар дӕ сӕр, Хоразин! Сар дӕ сӕр, Вифсаидӕ! Сымах цы диссӕгтӕ федтат, уыдон Тир ӕмӕ Сидоны куы равдыстӕуыдаид, уӕд уымы цӕрджытӕ, сӕ уӕлӕ сӕхъис скӕнгӕйӕ ӕмӕ сӕ сӕртыл фӕнык байзӕргӕйӕ, раджы ӕрфӕсмон кодтаиккой.


Галилей, Дӕссахар, Йерусалим, Иудей ӕмӕ Иорданы фаллаг фарс цы адӕм царди, уыдон къордтӕй Йӕ фӕдыл цыдысты.


Йесо уырдыгӕй ацыди Тиры зӕхмӕ. Уым иу хӕдзармӕ бацыд; фӕндыди Йӕ, уым ис, уый куы ничи базыдтаид, фӕлӕ уӕддӕр нӕ басусӕг ис.


Тирӕй фӕстӕмӕ здӕхгӕйӕ, Йесо йӕ фӕндаг акодта Сидоныл ӕмӕ Дӕссахары уылты рахызти Галилейаг денджызы былмӕ.


Йесо семӕ хохӕй ӕрцыди ӕмӕ фӕзы ӕрлӕууыд. Уырдӕм ӕрӕмбырд сты Йӕ бирӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр, ноджы ма ӕгас Иудей ӕмӕ Йерусалимӕй, стӕй денджызы былгӕронӕй — Тир ӕмӕ Сидонӕй ӕрцӕуӕг адӕм.


Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы мыггӕгтӕм цы зӕхх ӕрхауди халӕппӕрстӕй, уый Едомы ныгуылӕнвӕрсты цыди Цины ӕдзӕрӕг быдыры хуссайраг арӕны онг.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan