Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 3:33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

33 Йесо сӕ бафарста: «Чи сты Мӕ мад ӕмӕ Ме ’фсымӕртӕ?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 3:33
9 Iomraidhean Croise  

Йӕ хиуӕттӕ уый куы фехъуыстой, уӕд Ӕм ӕрбацыдысты, цӕмӕй Йӕ сӕхимӕ акӕной, уымӕн ӕмӕ афтӕ ӕнхъӕл уыдысты, цыма Йӕ зонд фӕцыд.


Йӕ алыварс бадти бирӕ адӕм, афтӕмӕй Йын фехъусын кодтой: «Дӕ мад, Де ’фсымӕртӕ ӕмӕ Дӕ хотӕ ӕдде лӕууынц, агурынц Дӕ».


Ӕмӕ, Йӕ алыварс чи бадти, уыдоныл Йӕ цӕст ахӕсгӕйӕ, загъта: «Мӕнӕ сты Мӕ мад ӕмӕ Ме ’фсымӕртӕ.


Хъӕддӕсны нӕу, мыййаг, Мариайы фырт? Йаков, Йосеф, Иудӕ ӕмӕ Симоны ӕфсымӕр нӕу? Йӕ хотӕ дӕр ам, не ’хсӕн, не сты, ӕви?» Ӕмӕ Йыл сӕхи атигъ кодтой.


Йесо сын загъта: «Ӕмӕ Мӕ цӕмӕн агуырдтат? Нӕ йӕ зыдтат, Ӕз Мӕ Фыды хӕдзары кӕй хъуамӕ уон, уый?»


Йесо йын дзуапп радта: «Уый Мӕнӕй цӕмӕн домыс, сылгоймаг? Мӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд».


Уымӕ гӕсгӕ нырӕй фӕстӕмӕ адӕймаджы цӕстӕй никӕмӕуал кӕсӕм. Кӕддӕр ахӕм цӕстӕй кастыстӕм Чырыстимӕ, ныр та Йӕм нал кӕсӕм.


Йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадӕй, нӕ сӕ зонын, зӕгъгӕ, чи дзуры, йе ’фсымӕры чи нӕ нымайы, йӕ цоты чи нӕ хъуыды кӕны, уыдонӕн Дӕ дзырд сӕйрагдӕр у, Дӕ Фидыдӕй сын зынаргъдӕр ницы ис.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan