Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 3:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Фӕлӕ Сыгъдӕг Уды чи рафауа, уымӕн хатыр никуы уыдзӕн — уыцы тӕригъӕды тыххӕй мыггагмӕ азымджын фӕуыдзӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 3:29
9 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ уыдон ацӕудзысты ӕнусмӕ хъизӕмар кӕнынмӕ, рӕстудтӕ та — ӕнусон цардмӕ».


Уӕд динамонджытӕй чидӕртӕ сӕхинымӕр дзырдтой: «Ай мӕнӕ Хуыцауы куы фауы!»


уыдон хӕрынц идӕдзты хӕдзӕрттӕ, цӕстмӕ кувынц бирӕ. Ахӕмтӕ карз ӕфхӕрд баййафдзысты».


Йесо афтӕ уымӕн загъта, ӕмӕ чидӕртӕ дзырдтой, цыма йӕ мидӕг ис ӕнӕзӕгъинаджы уд.


Адӕймаджы Фырты чи рафауа, уымӕн уыдзӕни хатыр, фӕлӕ Сыгъдӕг Уды чи рафауа, уымӕн хатыр нӕ уыдзӕн.


Уыдонӕн рахастӕуыдзӕн мыггагмӕ амӕлыны тӕрхон, ӕнӕхай фӕуыдзысты Бардарӕгӕй ӕмӕ Йе стыр кадӕй,


Уыдон сты, сӕ худинаджы фынк кӕмӕн абухы, уыцы денджызы знӕт уылӕнтау, мыггагмӕйы саудалынг кӕмӕ кӕсы, уыцы дзӕгъӕл стъалытау.


Уыдонау Содом ӕмӕ Гоморрӕ, стӕй сӕ алфамбылай сахартӕ дӕр кӕй хаттысты ӕмӕ фехӕлдысты, ӕмӕ уый тыххӕй мыггагмӕйы арты кӕй судзынц, уый алкӕмӕн дӕр у зонды хос.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan