Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 3:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Паддзахад куы ныддихтӕ уа, уӕд ын ӕнӕ фехӕлгӕ нӕй;

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 3:24
15 Iomraidhean Croise  

Уыцы рӕстӕг се ’хсӕн фӕци иу ӕнаккаг лӕг, Бениамины мыггагӕй, Бихрийы фырт Савей. Сыкъауадындзӕй ныууасыди уый ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Махӕн та ма ныр Давид чи у? Йессейы фыртимӕ мах цы хъуыддаг ис? Гъӕй кӕнут уӕ цатыртӕм, израилӕгтӕ!»


Давид загъта Авишайӕн: «Ныр нын Бихрийы фырт Савей, гӕнӕн ис ӕмӕ Авессаломӕй дӕр фыддӕр фыдбылызтӕ сараза. Гъемӕ дӕ паддзахы хӕстонты демӕ акӕн ӕмӕ йӕ фӕсте асур, цалынмӕ йӕхицӕн фидар сахартӕ не ссардта ӕмӕ нӕ йӕхи нӕ фӕтылиф кодта, уӕдмӕ».


Уыцы зӕххыл сӕ, Израилы хӕхтыл, иу адӕм скӕндзынӕн, се ’ппӕтӕн дӕр уыдзӕнис иу паддзах, ӕмӕ дыууӕ адӕмы нал уыдзысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ дыууӕ паддзахадыл нал дих кӕндзысты.


Мӕ иннӕ лӕдзӕг — фидыд, уый дӕр асастон, цӕмӕй Иудӕ ӕмӕ Израилы ’хсӕн ӕфсымӕрдзинад фехалон.


Йесо сын сӕ хъуыдытӕ зыдта ӕмӕ загъта: «Кӕцыфӕнды паддзахад дӕр куы ныддихтӕ уа ӕмӕ йӕ адӕм кӕрӕдзимӕ кӕрдтӕ куы сисой, уӕд федзӕрӕг уыдзӕн; кӕцыфӕнды сахар кӕнӕ хӕдзар куы ныддихтӕ уа ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ куы суой, уӕд уыцы сахар фесӕфдзӕн, хӕдзары дӕр бинонтӕн сӕ цард фехӕлдзӕн.


Йесо сӕм фӕсидти ӕмӕ сын райдыдта фӕсномыгӕй дзурын: «Сайтан куыд хъуамӕ расура сайтаны?


хӕдзар дӕр куы ныддихтӕ уа, уӕд фехӕлдзӕн.


Уадз ӕмӕ се ’ппӕт дӕр уой иу. Ды, Мӕ Фыд, Мемӕ иу куыд дӕ, Ӕз та Демӕ иу куыд дӕн, афтӕ уыдон дӕр иу уӕнт Немӕ, ӕмӕ дуне баууӕнда, Ды Мӕ кӕй рарвыстай, ууыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan