Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 3:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Йерусалимӕй ӕрцӕуӕг динамонджытӕ та дзырдтой, Веелзевулы дӕлбар у, зӕгъгӕ, ӕмӕ дӕлимонты дӕр се ’лдары хъаруйӕ суры.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 3:22
14 Iomraidhean Croise  

Ахазиа иуахӕмы, Самарийы йын цы галуан уыди, уымӕн йӕ уӕлхӕдзары гӕрӕны сӕрты рахауд ӕмӕ фӕрынчын ис. Филистимаг сахар Екронмӕ йӕ минӕвӕртты арвыста ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Бафӕрсут Екроны хуыцау Баал-Зевувы, сдзӕбӕх ма уыдзынӕн ӕви нӕ».


Цалынмӕ удӕгас дӕн, уӕдмӕ Дӕ фарн ӕмӕ Дӕ хорзӕх мемӕ уӕнт, ӕмӕ уӕд бирӕ бонтӕ арвитдзынӕн Дунедарӕджы хӕдзары.


Ахуыргӕнинаг йӕ ахуыргӕнӕджы хуызӕн куы суа, уӕд ын уый ӕгъгъӕд у. Цагъар дӕр йӕ хицауы хуызӕн куы суа, уӕд уымӕн дӕр ӕгъгъӕд у. Хӕдзары хицауы Веелзевул куы хоной, уӕд ын йӕ хӕдзаронты ноджы цыфыддӕртӕ не схондзысты, ӕви?


Ӕрцыдис Иоанн, нӕдӕр хӕргӕ кӕны, нӕдӕр нуазгӕ, ӕмӕ дзы уыдон зӕгъынц: „Хӕйрӕджджын у“.


Фарисейтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд загътой: «Уый, бӕлвырд, дӕлимонты се ’лдар Веелзевулы хъаруйӕ суры».


Уӕд Йерусалимӕй Йесомӕ ӕрбацыдысты фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ ӕмӕ Йын загътой:


Фарисейтӕ та дзырдтой: «Уый дӕлимонты суры дӕлимонты ӕлдары хъаруйӕ».


Фарисейтӕ, стӕй цалдӕр динамонӕджы Йерусалимӕй Йесомӕ ӕрбацыдысты.


Иуӕй-иутӕ ма афтӕ дӕр загътой: «Уый дӕлимонты суры дӕлимонты ӕлдар Веелзевулы хъаруйӕ».


Иуахӕмы та Йесо адӕмы ахуыр кодта, ӕмӕ се ’хсӕн фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ дӕр уыди — уыдон ӕрбамбырд сты Галилей ӕмӕ Иудейы алы хъӕутӕй, стӕй Йерусалимӕй. Хуыцауы хъаруйӕ Йесо дзӕбӕх кодта рынчынты.


Йерусалимы ралӕууыди Кувӕндон Ссыгъдӕг кӕныны бӕрӕгбон. Уыди зымӕг.


Адӕм ын загътой: «Хӕйрӕджджын дӕ? Чи Дӕ хъавы амарынмӕ?»


Иудейӕгтӕ Йын загътой: «Уӕдӕ Дӕ мах самариаг ӕмӕ хӕйрӕджыты сайд дзӕгъӕлы хонӕм?»


Иудейӕгтӕ Йын загътой: «Ныр мах бӕлвырд зонӕм, Ды хӕйрӕджы ахӕсты кӕй дӕ, уый. Суанг ма Авраам ӕмӕ пехуымпартӕ дӕр куы амардысты, уӕд Ды афтӕ куыд зӕгъыс, Мӕ ныхас Мын чи сӕххӕст кӕна, уый мӕлӕт никуы фендзӕн, зӕгъгӕ?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan