21 Йӕ хиуӕттӕ уый куы фехъуыстой, уӕд Ӕм ӕрбацыдысты, цӕмӕй Йӕ сӕхимӕ акӕной, уымӕн ӕмӕ афтӕ ӕнхъӕл уыдысты, цыма Йӕ зонд фӕцыд.
Йегу йӕ хицауы лӕггадгӕнджытӕм куы рацыд, уӕд ӕй уыдон бафарстой: «Цы хабар у? Уыцы нӕрӕмон дӕм цӕй тыххӕй ӕрбацыд?» Дзуапп сын радта: «Цы лӕг у ӕмӕ цы ӕнӕхъола ныхӕстӕ фӕкӕны, уый уӕхӕдӕг дӕр куы зонут».
„Софониа, Дунедарӕг дӕ сауджын Йеходайы бӕсты сауджынӕй сӕвӕрдта, цӕмӕй, Дунедарӕджы хӕдзары пехуымпариуӕг чи кӕна, уыцы нӕрӕмонтӕм дӕ цӕст дарай ӕмӕ-иу сыл хъадамантӕ бакӕнай.
Тӕрхоны бонтӕ ӕрхӕццӕ сты, тӕригъӕдтӕ фидыны рӕстӕг ӕрцыд — уадз ӕмӕ уый базона Израил! Сымах пехуымпары ӕдылыйыл нымайут, Хуыцауы Удӕй хайджын чи у, уый та — ӕнӕзондыл, тӕригъӕдджын кӕй стут ӕмӕ уе ’нӕуынондзинад стыр кӕй у, уый тыххӕй.
Уӕд Йесомӕ ӕрбацыдысты Йӕ мад ӕмӕ Йе ’фсымӕртӕ. Дуармӕ ӕрлӕууыдысты ӕмӕ Йӕм бадзурын кодтой.
Иутӕ дзырдтой: «Ай хӕйрӕджыты сайд у ӕмӕ сӕнттӕ цӕгъды. Цы йӕм хъусут?»
Павел йӕхи афтӕ куы раст кодта, уӕд Фест хъӕрӕй загъта: «Ды сӕрхъӕн дӕ, Павел! Фыр ахуырӕй дӕ зонд фӕцыд».
Кӕд сонт стӕм, уӕд — Хуыцауы сӕраппонд; нӕ зонд кӕд нӕхимӕ ис, уӕд — сымах сӕраппонд.