14 Уыдонӕй равзӕрста дыууадӕсы ӕмӕ сӕ рахуыдта апостолтӕ, цӕмӕй уой Йемӕ, ӕрвита сӕ Хуыцауы ныхас хъусын кӕнынмӕ
Йесо ссыди хохмӕ ӕмӕ, кӕмӕ Йӕ фӕндыд, уыдонмӕ фӕсидти. Ӕмӕ Йӕм ӕрбацыдысты.
ӕмӕ сын ратта дӕлимонтӕ сурыны бар.
Апостолтӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ Йесойӕн, цы сарӕзтой ӕмӕ адӕмы цӕуыл сахуыр кодтой, ӕппӕт уыдӕттӕ радзырдтой.
Ӕмӕ, Йерусалимӕй райдайгӕйӕ, ӕппӕт адӕмтӕм фӕсидын хъӕуы Йӕ номӕй, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ сын барст ӕрцӕуой.
Сымах Мӕ нӕ равзӕрстат, фӕлӕ уӕ Ӕз равзӕрстон ӕмӕ уын бахӕс кодтон, цӕмӕй цӕуат ӕмӕ дунейӕн пайда хӕссат, уӕ уыцы пайда мыггагмӕ куыд уа, афтӕ. Ӕмӕ уӕд Мӕ номӕй цыдӕриддӕр ракурат Фыдӕй, уый уын ратдзӕни.
Фӕлӕ Сыгъдӕг Удӕй куы схайджын уат, уӕд уӕм фӕзындзӕни тых, ӕмӕ Мын ӕвдисӕнтӕ уыдзыстут Йерусалимы ӕмӕ ӕгас Иудейы, Самарийы ӕмӕ суанг арвы кӕрӕттӕм».
Павелӕй, адӕмы уынаффӕйӕ нӕ, адӕймаджы фӕрцы дӕр нӕ, фӕлӕ Йесо Чырысти ӕмӕ Йӕ мӕрдтӕй райгасгӕнӕг Фыд Хуыцауы фӕндӕй апостол чи сси, уымӕй,