10 Уымӕн ӕмӕ Уый бирӕты сдзӕбӕх кодта, ӕмӕ Йӕм ныр алыхуызон рынчынтӕ сӕхи ӕппӕрстой, цӕмӕй Йыл андзӕвой.
Фӕлӕ Дунедарӕг Аврамы ус Сарӕйы тыххӕй стыр бӕллӕхты баппӕрста фараоны йӕ хӕдзаронтимӕ.
Фӕлӕ сын уыцы фыдызгъӕл ӕууылд нӕма фӕци, афтӕ сӕм Дунедарӕджы маст ссыгъди ӕмӕ сыл рын сыстын кодта.
Йӕ фӕдыл рацыди бирӕ адӕм, ӕмӕ се ’ппӕты дӕр сдзӕбӕх кодта,
Йесо былмӕ куы рахызти, уӕд федта бирӕ адӕмы ӕмӕ, фӕтӕригъӕд сын кӕнгӕйӕ, сдзӕбӕх кодта сӕ рынчынты.
ӕмӕ Дзы куырдтой, цӕмӕй сӕ Йӕ дарӕсы хаутыл бандзӕвын уӕд та бауадза, ӕмӕ-иу Ыл чидӕриддӕр бандзӕвыди, уыдон-иу сдзӕбӕх сты.
Йесо зылдис ӕгас Галилейыл, адӕмӕн амыдта синагогӕты, хъусын сын кодта Фарны Уац Уӕларвон Паддзахады тыххӕй, дзӕбӕх кодта рынчынтӕ ӕмӕ нӕфӕразгӕты иууылдӕр.
Уӕд ын Йесо загъта: «Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта. Цу фарнимӕ ӕмӕ ӕнӕниз у».
Кӕдӕмфӕнды ма бацыдаид Йесо, хъӕутӕм кӕнӕ сахартӕм, рынчынты-иу фӕзты ӕрӕвӕрдтой ӕмӕ куырдтой, цӕмӕй сӕ уӕд та Йӕ пӕлӕзы хаутыл андзӕвын бауадза. Ӕмӕ-иу Йесойыл чидӕриддӕр андзӕвыд, уый-иу сдзӕбӕх ис.
Бахӕццӕ сты Вифсаидӕмӕ. Йесомӕ ӕрбакодтой иу куырмы ӕмӕ Дзы куырдтой, цӕмӕй йыл андзӕва.
Йесо бӕлӕгътӕй иумӕ, Симоны чи уыд, уыцы бӕлӕгъмӕ бахызти ӕмӕ йын йӕ хицаумӕ бахатыд, былӕй иу чысыл адарддӕр уӕм, зӕгъгӕ. Сбадти бӕлӕгъы ӕмӕ афтӕмӕй ахуыр кодта адӕмы.
Ӕмӕ адӕм иууылдӕр архайдтой Йесойыл бандзӕвыныл, уымӕн ӕмӕ, Уымӕй цы тых цыд, уый се ’ппӕты дӕр дзӕбӕх кодта.
Иу сӕдӕйыхицауӕн йӕ лӕггадгӕнӕг фӕрынчын ис ӕмӕ мӕлӕты къахыл ныллӕууыд. Йӕ лӕггадгӕнӕг ын тынг зынаргъ уыд, ӕмӕ,
Уӕдмӕ Йесо бирӕ адӕмы фервӕзын кодта алыхуызон низтӕй, ӕнӕзӕгъинӕгтӕй, бирӕ куырмыты цӕстӕй ракӕсын кодта.
Адӕм сӕ рынчынты хастой уынгтӕм, ӕвӕрдтой сӕ хуыссӕнтӕ ӕмӕ сынтытыл, цӕмӕй дзы искӕуыл сӕ рӕзты цӕуӕг Петрӕн йӕ аууон уӕддӕр андзӕва.
уымӕн ӕмӕ, Хуыцау кӕй уарзы, уыцы адӕймаджы бафхӕры; нӕмгӕ та кӕны, Йӕхицӕн фыртӕн кӕй райсы, уыдонӕй алкӕй дӕр».