7 «Уый цытӕ дзуры? Хуыцауы куы фауы! Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын кӕй бон у?»
Чъизи цы у, уырдыгӕй исчи сыгъдӕгӕй исты райсдзӕни? Ничи.
Фӕлӕ уын Ӕз Мӕхи сӕраппонд барын уӕ фыдракӕндтӕ, уӕ тӕригъӕдтӕ уын нӕ бадардзынӕн уӕ цӕстмӕ.
О Бардарӕг, нӕ Хуыцау, Ды бараг ӕмӕ хатыргӕнаг дӕ, мах та Дӕ ныхмӕ сыстадыстӕм,
Кӕм ис Дӕу хуызӕн Хуыцау? Дӕуау сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сӕ фыдракӕндтӕ чи ныббары, Йӕ исбонӕй ма чи аирвӕзт, уыцы адӕмӕн? Хуыцау ӕнусмӕ нӕ мӕсты кӕны, уымӕн ӕмӕ хорзӕхджын у.
Уыцы ныхӕстӕм алчер фӕйнӕрдӕм арӕдывта йӕ дарӕс ӕмӕ загъта: «Хуыцауы рафаудта! Цӕй ӕвдисӕнтӕ ма нӕ хъӕуы? Мӕнӕ уӕхӕдӕг куы фехъуыстат, Хуыцауы куыд фауы, уый!
Уӕд динамонджытӕй чидӕртӕ сӕхинымӕр дзырдтой: «Ай мӕнӕ Хуыцауы куы фауы!»
Хуыцауы куыд фауы, уый уӕхӕдӕг фехъуыстат. Цы хъуыды уӕм ис?» Се ’ппӕт дӕр Ӕй банымадтой аххосджыныл, марыны тӕрхон рахӕссыны аккаг у, зӕгъгӕ.
Динамонджытӕ цалдӕрӕй уым бадтысты ӕмӕ хинымӕр дзырдтой:
Йесо сын уайтагъд Йӕ Удӕй базыдта сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ сын загъта: «Цӕмӕн афтӕ хъуыды кӕнут?
Динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ сӕхимидӕг райдыдтой дзурын: «Уый хӕрам ныхас нӕу? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын кӕй бон у?»
Йесоимӕ иу фынгыл чи бадт, уыдон хъуыды кодтой: «Уый Чи у, суанг тӕригъӕдтӕ дӕр куы хатыр кӕны?»
Иудейӕгтӕ Йын дзуапп радтой: «Хорз хъуыддӕгты тыххӕй Дӕ нӕ хъавӕм дуртӕй амарынмӕ, фӕлӕ, Хуыцауы кӕй фауыс — адӕймаг уӕвгӕйӕ, Дӕхицӕй Хуыцау кӕй аразыс, уый тыххӕй».
уӕд, Фыд Кӕй срухс кодта ӕмӕ дунемӕ Кӕй рарвыста, Уымӕй афтӕ куыд дзурут: „Хуыцауы фауы“, „Ӕз Хуыцауы Фырт дӕн“ кӕй загътон, уый тыххӕй?