4 Адӕмӕй Йӕм бацӕуӕн кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ хӕдзары сӕр байгом кодтой, цар ныххуынкъ кодтой ӕмӕ йӕ уырдыгӕй йӕ хуыссӕныл ӕруагътой.
Йӕ кой айхъуыст ӕгас Сирийыл, ӕмӕ Йӕм хастой, алы низтӕ кӕй бадомдтой, ахӕмты: хӕйрӕджджынты, суртӕгӕнджыты, ӕндзыгнизӕй хъыгдӕрдты, ӕмӕ сӕ Йесо дзӕбӕх кодта.
Фӕлӕ дзы адӕмӕй бацӕуӕн нӕ уыди, ӕмӕ уӕлхӕдзармӕ схызтысты, ӕмбӕрзӕндуртӕ фелвӕстой ӕмӕ рынчыны ӕд хуыссӕн царӕй уаты хӕд астӕумӕ, Йесойы размӕ, ӕруагътой.
Хӕдзар аразыс, уӕд ын йӕ уӕлхӕдзары кӕрӕттыл кӕрӕй-кӕронмӕ быру скӕн, цӕмӕй дзы мачи рахауа ӕмӕ искӕй мӕлӕты азымджын ма фӕуай.