27 Йесо ма сын загъта: «Адӕймаджы сабатӕн не сфӕлдыстӕуыд, фӕлӕ сабат — адӕймагӕн.
Ӕхсӕз боны дӕргъы кӕнут уӕ хъуыддӕгтӕ, ӕвдӕм бон та уын уӕд ӕнцойы бон, цӕмӕй баулӕфой уӕ галтӕ ӕмӕ уӕ хӕрджытӕ дӕр, сӕ фӕллад суадзой уӕ цагъайраг сылгоймӕгты фырттӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ.
Дунедарӕг зӕгъы: «Сабат Мӕ уаз бон кӕй у, уый уӕ макуы ферох уӕд, ӕмӕ йӕ нымайут. Нымайут ӕй цытджын бӕрӕгбоныл ӕмӕ уӕхиуыл хӕцут, сабатбон мацы хъуыддаг кӕнут. Кад ын скӕндзыстут уымӕй дӕр, стӕй, уыцы бон уӕ алы зӕрдиаг фӕндтӕ куы аиргъӕват, ноджы ма ӕдзӕлгъӕд ныхӕстӕ дӕр куынӕ кӕнат, уӕд.
Бафӕдзӕхстон сын Мӕ сабаты уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнын, Мӕн ӕмӕ уыдоны ӕхсӕн фидыды нысанӕн. Уадз ӕмӕ зоной, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уыдоны Чи срухс кӕны, Уый.
Кад кӕнут Мӕ сабаты уагӕвӕрдтӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон сты фидыды нысан Мӕн ӕмӕ сымах ӕхсӕн, цӕмӕй зонат: Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау“.
Уӕдӕ Адӕймаджы Фырт сабатӕн дӕр хицау у».
Уӕд сын Йесо загъта: «Ӕз уӕ фӕрсын, сабаты хорз кӕнын ӕмбӕлы ӕви ӕвзӕр? Уд фервӕзын кӕнын ӕви йӕ фесафын?»
Ӕмӕ кӕд Моисейы Ӕгъдау ма фехалыны тыххӕй адӕймагӕн сабаты сунӕт кӕнынц, уӕд Ӕз рынчыны къахӕй сӕрмӕ сабаты кӕй сдзӕбӕх кодтон, уый тыххӕй Мӕм цӕмӕн смӕсты стут?
Ӕппӕт уыдӕттӕ сты уӕ сӕраппонд, цӕмӕй Хуыцауы хорзӕх анхъӕвза бирӕ адӕмыл ӕмӕ расайа бирӕ арфӕтӕ Хуыцауы кадӕн.
Бӕрӕг кӕн сабат, уазыл дӕм уӕд нымад, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕуӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Ӕвдӕм бон та — сабат; уый Дунедарӕджы у, дӕ Хуыцауы. Мацы куыст кӕн: ды дӕр, дӕ фырт дӕр, дӕ чызг дӕр, дӕ цагъар дӕр (нӕлгоймаг уа ӕви сылгоймаг), дӕ гал, дӕ хӕрӕг, дӕ алы фос дӕр, дӕ фарсмӕ цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг дӕр. Дӕуау сӕ фӕллад суадзӕнт дӕ цагъартӕ дӕр сылгоймагӕй, нӕлгоймагӕй.
Уӕдӕ уын мачи тӕрхон кӕнӕд, цы хӕрут ӕмӕ цы нуазут, стӕй исты бӕрӕгбон, мӕйноджы бӕрӕгбон кӕнӕ сабат кӕй нӕ бӕрӕг кӕнут, уый тыххӕй.