25 Йесо сын дзуапп радта: «Давид ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ куы сыстонг сты ӕмӕ сын бахӕринаг куы ницы уыди, уӕд цы бакодта, уый тыххӕй нӕ кастыстут, ӕви?
Йесо сын дзуапп радта: «Ау, Сфӕлдисӕг тӕккӕ райдианӕй „уыдоны нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕй кӕй сфӕлдыста“, уый тыххӕй нӕ бакастыстут, ӕви?
ӕмӕ Йын загътой: «Хъусыс, цытӕ дзурынц?» Йесо сын дзуапп радта: «Хъусын! Ау, ацы ныхӕстӕ никуы бакастыстут: „Чысыл сабитӕ ӕмӕ дзидзидайтӕн сыстауын кодтай Дӕхи“?»
Йесо сын загъта: «Ау, никуы бакастыстут Сыгъдӕг Фысты: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси фисыны сӕйраг дур. Уый Хуыцау сарӕзта, ӕмӕ уыцы диссаг мах нӕ цӕстӕй уынӕм“?
Мӕрдты райгасы тыххӕй уын Хуыцау цы загъта, уый нӕ бакастыстут, ӕви:
Уым Йесо дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы ком фӕдардта ӕмӕ фӕстагмӕ сыстонг ис.
Уыдис авд ӕфсымӕры. Хистӕр ӕрхаста ус ӕмӕ ӕнӕзӕнӕгӕй амарди.
Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй та Моисейы чиныджы нӕ бакастыстут, Хуыцау ӕм сындзы къутӕрӕй куыд радзырдта: „Ӕз дӕн Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Йаковы Хуыцау“?
Ӕмӕ Йын фарисейтӕ загътой: «Кӕс-ма! Сабаты цы не ’мбӕлы, уый куыд кӕнынц?»
Авиафар алчер куы уыди, уыцы рӕстӕг бацыди Хуыцауы хӕдзармӕ ӕмӕ бахордта, ӕрмӕстдӕр сауджынтӕн хӕрын кӕмӕй ӕмбӕлди, уыцы нывонды дзултӕй, ӕмӕ ма дзы йе ’мбӕлттӕн дӕр радта».
Йесо йӕ бафарста: «Ӕгъдауы цы фыст ис? Уым цы кӕсыс?»