2 Уый бӕрц адӕм ӕрӕмбырд ис, ӕмӕ дуаргӕрон ӕрлӕууӕн дӕр нал уыди. Йесо сын хъусын кодта Хуыцауы ныхас.
«Низ ыл фӕтых ис, ӕмӕ нал рабаддзӕни».
ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын райдыдта:
Иоанны куы ӕрцахстой, уӕд Йесо ӕрбацыди Галилеймӕ ӕмӕ хъусын кодта Хуыцауы Фарны Уац:
ӕмӕ ӕгас сахар сӕ дуармӕ ӕрӕмбырд ис.
Куы Йӕ ссардтой, уӕд Ын загътой, адӕм иууылдӕр Дӕу агурынц, зӕгъгӕ.
Фӕлӕ уый ацыд ӕмӕ хабар дӕрдтыл айхъуысын кодта. Уыйадыл Йесойӕн сахартӕм ӕргомӕй бацӕуӕн нал уыд ӕмӕ-иу хибар рӕтты баззади. Фӕлӕ Йӕм уӕддӕр алырдыгӕй цыдысты.
Цалдӕр боны фӕстӕ Йесо ӕрбаздӕхти Капернауммӕ. Хӕдзары кӕй ис, уый адӕмыл айхъуысти.
Йесо та ногӕй рацыди денджызы былмӕ. Уырдӕм Ӕм ӕрбацыди бирӕ адӕм, ӕмӕ сӕ ахуыр кодта.
Йесо былмӕ куы рахызти, уӕд федта бирӕ адӕмы ӕмӕ сын фӕтӕригъӕд кодта, уымӕн ӕмӕ уыдон уыдысты ӕнӕфыййау фыстау. Ӕмӕ сӕ бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнын райдыдта.
Уӕдмӕ уый бӕрц адӕм ӕрӕмбырд ис, ӕмӕ дзы азмӕлӕн дӕр нал уыди. Йесойӕн йӕ фыццаг ныхас уыди Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм: «Уӕхи хизут фарисейты ӕнхъизӕнӕй — цӕстмӕхъусдзинадӕй.
Иуахӕмы та Йесо адӕмы ахуыр кодта, ӕмӕ се ’хсӕн фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ дӕр уыди — уыдон ӕрбамбырд сты Галилей ӕмӕ Иудейы алы хъӕутӕй, стӕй Йерусалимӕй. Хуыцауы хъаруйӕ Йесо дзӕбӕх кодта рынчынты.
Уымӕй чысыл фӕстӕдӕр Йесо зилын райдыдта сахартӕ ӕмӕ хъӕутыл ӕмӕ хъусын кодта Фарны Уац Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Йемӕ уыдысты Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинаджы,
Ацы фӕсномыг ныхас мӕнӕ цы амоны: тауинаг у Хуыцауы ныхас,
Стефаны мӕлӕты фӕстӕ сӕ ӕфхӕрын куы райдыдтой, уӕд, уырнджытӕй чи ныххӕлиу, уыдон бахӕццӕ сты Финикимӕ, Кипрмӕ ӕмӕ Антиохимӕ. Хуыцауы Дзырд амыдтой ӕрмӕстдӕр иудейӕгтӕн.
Пергийы фӕцамыдтой Хуыцауы ныхас, стӕй ацыдысты Атталимӕ.
Ахызтысты Фригийыл ӕмӕ Галатийы бӕстыл, уымӕн ӕмӕ сӕ Сыгъдӕг Уд нӕ бауагъта Хуыцауы ныхас Азийы провинцийы амонын.
Петр ӕмӕ Иоанн уым Йесойы тыххӕй уацамынд куы фӕкодтой ӕмӕ Бардарӕджы Ныхас куы фӕцамыдтой, уӕд фӕстӕмӕ ацыдысты Йерусалиммӕ. Сӕ фӕндагыл бирӕ самариаг хъӕуты хъусын кодтой Фарны Уац.
Сыгъдӕг Фыст мӕнӕ цы зӕгъы: «Хуыцауы Дзырд дӕм хӕстӕг у, дӕ дӕлӕвзаг ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы рӕбын ис». Уый у, уырнындзинады тыххӕй мах кӕй хъусын кӕнӕм, уыцы ныхас:
хъусын кӕн Хуыцауы дзырд, амон ӕй, фадат дын куы уа, уӕд дӕр ӕмӕ дын куынӕ уа, уӕд дӕр. Цӕстмӕ дар, уайдзӕф кӕн, рӕвдау — амон фӕразонӕй.