17 Йесо уый куы фехъуыста, уӕд сын загъта: «Дохтыр ӕнӕнизты нӕ, фӕлӕ рынчынты хъӕуы. Ӕз ӕрцыдтӕн рӕстгӕнджытӕм нӕ, фӕлӕ тӕригъӕдджынтӕм фӕсидынмӕ».
Уый фӕстӕ-иу ӕрбацӕут, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ хъуыддагмӕ ӕркӕсдзыстӕм. Уӕ тӕригъӕдтӕ сырх-сырхид куы уой — митау уын сурс уыдзысты, сӕнт сырх куы уой — сурс уыдзысты урс къуымбилау.
Ӕнаккаг йӕ хъуыддӕгтӕ ныууадзӕд, хӕлд — йӕ фӕндтӕ. Раздӕхӕнт Дунедарӕгмӕ — ныббардзӕн сын, раздӕхӕнт нӕ Хуыцаумӕ — бирӕбараг у Уый.
Адӕймаджы зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр нӕй, нӕй йын срастгӕнӕн! Чи йӕ базондзӕн?
Хъусут, ацы кӕстӕртӕй иуыл дӕр ӕнӕввӕрсон ма ут. Зӕгъын уын: уыдонӕн сӕ зӕдтӕ уӕлӕрвты ӕдзух уынынц Мӕ Уӕларвон Фыды цӕсгом.
Зӕгъын уын, раст афтӕ фӕцин кӕнынц Хуыцауы зӕдтӕ иу фӕсмонгӕнӕг тӕригъӕдджыны тыххӕй дӕр».
Фӕлӕ йын уый дзуапп радта: „Ныр дын уал азы цагъары куыст кӕнын, дӕ ныхасы сӕрты никуы ахызтӕн, ды та мын мӕ хӕлӕрттимӕ фӕминас кӕнынӕн сӕныкк дӕр никуы рауӕлдай кодтай.
Зӕгъын уын, фӕсмоны сӕр кӕй нӕ хъӕуы, ахӕм нӕуӕдз фараст рӕстгӕнӕгӕй иу фӕсмонгӕнӕг тӕригъӕдджыны тыххӕй фылдӕр цин уыдзӕни уӕлӕрвты.
Йесо сын загъта: «Адӕмы раз уӕхи рӕстгӕнджытӕй ӕвдисут, фӕлӕ уын Хуыцау уӕ зӕрдӕтӕ зоны. Уымӕн ӕмӕ, адӕммӕ кадджын цы у, уый Хуыцауы цӕсты ӕлгъаг у.
Адӕймаджы Фырт ӕрцыд сӕфтыты бацагурынмӕ ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕнынмӕ».
Уыдон ын загътой: «Сӕрӕй къӕхтӕм тӕригъӕдджынӕй куы райгуырдтӕ, уӕд ды мах ахуыр кӕныс?» Ӕмӕ йӕ ратардтой.
Фарисейтӕй уым Йӕ разы чи уыди, уыдон уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд Ӕй бафарстой: «Ау, мах дӕр куырмытӕ стӕм?»
Иудейӕгтӕм дӕр ӕмӕ муртаттӕгтӕм дӕр сидтӕн Хуыцауы раз сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнынмӕ ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесойыл ӕууӕндынмӕ.
Фыццаг амыдтон Дамаскы цӕрджытӕн, уый фӕстӕ Йерусалимы цӕрджытӕн, стӕй ӕппӕт иудейаг бӕстӕйы ӕмӕ муртаттӕгтӕн, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной сӕ тӕригъӕдтыл, раздӕхой Хуыцаумӕ ӕмӕ, кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый ӕвдисой хорз хъуыддӕгтӕй.
Чырысти нӕ сӕраппонд Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна алы тӕригъӕдӕй дӕр ӕмӕ Йӕхицӕн ссыгъдӕг кӕна, хорз хъуыддӕгтӕм чи тырндзӕн, ахӕм адӕм.