11 «Дӕумӕ дзурын: сыст, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу дӕ хӕдзармӕ».
Йесо йын фӕтӕригъӕд кодта, къухӕй йыл бандзӕвыд ӕмӕ загъта: «Фӕнды Мӕ, сдзӕбӕх у».
Фӕлӕ сымах хъуамӕ зонат: Адӕймаджы Фыртӕн ис зӕххыл тӕригъӕдтӕ хатыр кӕныны бар». Ӕмӕ ӕндзыгнизӕй хъыгдардӕн загъта:
Уый фестади, йӕ хуыссӕн систа ӕмӕ ӕппӕт адӕмы раз рацыди. Иууылдӕр дисы бафтыдысты, кад кодтой Хуыцауӕн ӕмӕ дзырдтой: «Ахӕм диссаг никуыма федтам».
Хуыцауы Уд царддӕттӕг у, адӕймаг та ӕдых у. Ӕз уын цы ныхӕстӕ дзурын, уыдоны царддӕттӕг Уды хъару ис.