9 Йесо, къуырийы фыццаг бон куы райгас ис сӕумӕйӕ, уӕд уал фыццаг Йӕхи раргом кодта магдалӕйаг Мариамӕ — авд дӕлимоны кӕмӕй расырдта, уымӕ.
Нееман паддзахмӕ бацыд ӕмӕ йын израилаг чызджы ныхас рафӕзмыдта.
Се ’хсӕн — магдалӕйаг Мариа, Йаков ӕмӕ Йосефы мад Мариа, стӕй Зеведейы фыртты мад.
Уым уыди сылгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ кастысты дардӕй: се ’хсӕн — магдалӕйаг Мариа, Иосет ӕмӕ кӕстӕр Йаковы мад Мариа, стӕй Саломи.
Магдалӕйаг Мариа ӕмӕ Иосеты мад Мариа та кастысты ӕмӕ федтой, кӕм Ӕй бавӕрдтой, уый.
Сылгоймӕгтӕ зӕппадзӕй куы рацыдысты, уӕд згъорынмӕ фесты. Фыр адӕргӕй сӕхи дӕр нал ӕмбӕрстой ӕмӕ никӕмӕн ницы загътой, уымӕн ӕмӕ тарстысты.
Уыцы сылгоймӕгтӕ уыдысты магдалӕйаг Мариа, Иоаннӕ ӕмӕ Йаковы мад Мариа. Семӕ ма уыдис ӕндӕр сылгоймӕгтӕ, ӕмӕ уыдон дӕр апостолтӕн хабар афтӕ радзырдтой.
стӕй ма, ӕнӕзӕгъинӕгты ахӕстӕй кӕй фервӕзын кодта ӕмӕ сӕ низтӕ кӕмӕн фӕсырдта, уыцы сылгоймӕгтӕ — авд дӕлимоны кӕмӕй фӕсырдӕуыд, уыцы Мариа, магдалӕйаг кӕй хуыдтой, уый;
Йесойы мард кӕм ӕвӕрд уыди, уым дыууӕ зӕды урс дарӕсы бадгӕ, сӕ иу — Йӕ нывӕрзӕны, иннӕ — Йӕ дӕлфӕдты ’рдыгӕй.
Къуырийы фыццаг бон дзулсастмӕ куы ӕрӕмбырд стӕм, уӕд Павел ныхас кодта ахуыргӕнинӕгтимӕ. Дыккаг бон ӕм ацӕуыны фӕнд кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ ныхас ӕмбисӕхсӕвмӕ дӕр нӕ фӕци.
Къуырийы фыццаг бон сымахӕй алчидӕр, йӕ къух куыд амоны, афтӕ йӕ мулкӕй рахицӕн кӕнӕд, цӕмӕй, куы уӕм ӕрцӕуон, уӕд уыцы ӕххуыс ӕмбырдгӕнинаг мауал уа.
Хуыцаубоны ӕз уыдтӕн Сыгъдӕг Удӕй разӕнгард ӕмӕ фӕстейӕ фехъуыстон нӕргӕ хъӕлӕс, сыкъауадындзы зӕлыны хуызӕн: «[Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ, Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг.]