8 Сылгоймӕгтӕ зӕппадзӕй куы рацыдысты, уӕд згъорынмӕ фесты. Фыр адӕргӕй сӕхи дӕр нал ӕмбӕрстой ӕмӕ никӕмӕн ницы загътой, уымӕн ӕмӕ тарстысты.
Елисей Гиезийӕн бафӕдзӕхста: «Дӕ рон ӕрбабӕтт, мӕнӕ дын мӕ лӕдзӕг дӕр, ӕмӕ, фӕстӕмӕ дӕр ма фӕкӕс, афтӕмӕй тагъд цӕугӕ Шунемы сахармӕ. Дӕ фӕндагыл мадӕр салам искӕмӕн ратт, мадӕр, салам дын чи зӕгъа, уымӕн исты дзуапп ратт! Ӕмӕ куыддӕр бахӕццӕ уай, афтӕ-иу мын мӕ лӕдзӕг лӕппуйы цӕсгомыл ӕрӕвӕр!»
Сылгоймӕгтӕ ратындзыдтой зӕппадзы цурӕй ӕмӕ цинӕмхӕццӕ тасимӕ азгъордтой хабар ахуыргӕнинӕгтӕн фехъусын кӕнынмӕ.
Йесо Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд адӕмы дисы бафтыдта Йӕ ахуырад,
Уӕдӕ ацӕут ӕмӕ зӕгъут Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, стӕй Петрӕн дӕр, Галилеймӕ уӕ разӕй фӕцӕуы, зӕгъгӕ. Уым Ӕй фендзыстут, Йӕхӕдӕг уын куыд загъта, афтӕ».
Йесо, къуырийы фыццаг бон куы райгас ис сӕумӕйӕ, уӕд уал фыццаг Йӕхи раргом кодта магдалӕйаг Мариамӕ — авд дӕлимоны кӕмӕй расырдта, уымӕ.
Уемӕ фӕндагмӕ ма райсут нӕдӕр ӕхцайы чыссӕ, нӕдӕр хордзен, нӕдӕр дзабыртӕ, стӕй салам дӕттынмӕ дӕр макӕмӕ ӕрлӕуут.
Уыдон фыр тӕссӕй сагъдау аззадысты — афтӕ фенхъӕлдтой, цыма ӕндӕрг уынынц.