6 Фӕлӕ сын уый загъта: «Ма тӕрсут. Сымах дзуарылтыгъд Назаретаг Йесойы агурут — ам нӕй, райгас ис. Мӕнӕ, кӕм Ӕй бавӕрдтой, уыцы бынат.
Уыйадыл фесты Йессейы фырт Давиды куывдтытӕ.
Чи мӕ уарзы, уыдоны уарзын, чи мӕ агуры, уыдон мӕ ссардзысты.
Уымӕн ӕмӕ Ионӕ стыр кӕсаджы хуылфы ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ’хсӕвы куыд фӕци, афтӕ Адӕймаджы Фырт дӕр ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ’хсӕвы уыдзӕни зӕххы арфы.
«Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Назаретаг Йесо? Ды нӕ фесафынмӕ ӕрцыдтӕ! Ӕз зонын, Чи дӕ, уый — Ды Хуыцауы Сыгъдӕг дӕ».
Адӕм иууылдӕр дисы бафтыдысты ӕмӕ кӕрӕдзийы фарстой: «Уый цы уа? Уый цавӕр ног ахуырад у? Барджынӕй куы дзуры, ӕмӕ Йын ӕнӕзӕгъинӕгтӕ дӕр Йӕ бардзырд куы ӕххӕст кӕнынц».
Уыдон Ын алы ӕфхӕрӕн митӕ кӕндзысты, ехсӕй Йӕ нӕмдзысты, тутӕ Йыл кӕндзысты ӕмӕ Йӕ амардзысты. Фӕлӕ ӕртӕ боны фӕстӕ райгас уыдзӕн».
Йемӕ акодта Петр, Йаков ӕмӕ Иоанны. Мӕлӕты тас бацыди Йӕ зӕрдӕйы, ӕмӕ ӕрхӕндӕг кӕнын райдыдта.
Адӕм Йесойы куы ауыдтой, уӕд иууылдӕр стыр дисы бафтыдысты, Йӕ размӕ згъордтой ӕмӕ Йын салам лӕвӕрдтой.
ӕмӕ загъта: «Фыст ис, Чырысти хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ ӕртыккаг бон мӕрдтӕй райгас уыдаид, зӕгъгӕ.
Фӕлӕ Хуыцау арӕдывта мӕлӕты рӕхыстӕ ӕмӕ Йӕ райгас кодта — мӕлӕтӕн Ӕй йӕ бон бауромын нӕ уыд.
уӕд уе ’ппӕтӕн дӕр ӕмӕ ӕгас Израилы адӕмӕн дӕр зындгонд уӕд: сымах Кӕй байтыгътат ӕмӕ Хуыцау мӕрдтӕй Кӕй райгас кодта, уыцы Назаретаг Йесо Чырыстийы номы фӕрцы ацы лӕг уӕ разы ӕнӕнизӕй лӕууы.