Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 16:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Уый фӕстӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕ хъӕумӕ куы фӕцӕйцыдысты, уӕд сӕм Йесо, ӕндӕр хуыз райсгӕйӕ, фӕндагыл Йӕхи раргом кодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 16:12
6 Iomraidhean Croise  

Ӕппынфӕстаг Йесо Йӕ иуӕндӕс ахуыргӕнинагмӕ раргом ис, фынджы уӕлхъус куы бадтысты, уӕд. Ӕмӕ сын бауайдзӕф кодта, уырнындзинад сӕм кӕй нӕ уыд, сӕ зӕрдӕтӕ ӕхгӕд кӕй разындысты ӕмӕ, Йӕ райгасы фӕстӕ Йӕ чи федта, уыдоныл кӕй нӕ баууӕндыдысты, уый тыххӕй.


Куы куывта, уӕд Йӕ цӕсгомы хуыз аивта, Йӕ дарӕс та урс-урсид фестади ӕмӕ тӕмӕнтӕ калдта.


Уый фӕстӕ та Йесо ногӕй фӕзынди Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм. Уый уыди Тивериадӕйы денджызы был. Хабар уыди афтӕ.


Мӕрдтӕй райгасы фӕстӕ Йесо ныр ӕртыккаг хатт фӕзынди Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм.


Йӕ хъизӕмӕртты фӕстӕ Йесо бирӕ хӕттыты фӕзындис апостолтӕм ӕмӕ сын бирӕ ӕвдисӕйнӕгтӕй равдыста, ӕцӕг кӕй райгас, уый. Йӕхи сын уынын кодта дыууиссӕдз боны дӕргъы ӕмӕ сын дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan