11 Фӕлӕ уыдон, Йесо райгас ис ӕмӕ Йӕ Мариа федта, зӕгъгӕ, уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ нӕ бауырныдта.
Куы Йӕм ныхъхъӕр кӕнин, ӕмӕ мын дзуапп куы раттид, уӕд дӕр мӕ нӕ бауырнид, кӕй мӕм байхъусдзӕн, уый.
Моисей уыцы ныхӕстӕ израилӕгтӕн рафӕзмыдта, фӕлӕ йӕм уыдон нӕ байхъуыстой — иуӕй сӕ тӕппуды, иннӕмӕй та, куыстӕфхӕрд кӕй уыдысты, уый аххосӕй.
ӕмӕ Йӕ куы федтой, уӕд Йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой. Фӕлӕ дзы иуӕй-иутӕ уӕддӕр гуырысхо кодтой.
Йесо дзуапп радта: «Ӕнӕуырнӕг фӕлтӕр! Цас ма уыдзынӕн уемӕ? Кӕдмӕ ма уын быхсдзынӕн? Ӕрбакӕнут Мӕм ӕй».
Фӕлӕ сыл нӕ баууындыдысты, афтӕ сӕм фӕкаст, цыма уыдон ӕрмӕст афтид ныхӕстӕ сты.
Фыр цинӕй сӕ куы нӕ уырныдта ӕмӕ дисы куы бафтыдысты, уӕд сын загъта: «Хӕринаг уӕм ницы ис?»
Иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йын загътой: «Мах федтам Хицауы». Фӕлӕ сын уый дзуапп радта: «Йӕ къухтыл зӕгӕлы фӕдтӕ куынӕ фенон, ме ’нгуылдз уыцы хъӕдгӕмттыл куынӕ авӕрон, мӕ къух та — Йӕ фарсы хъӕдгомыл, уӕд мӕ нӕ бауырндзӕн».