10 Уый ацыд ӕмӕ хабар радзырдта Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн, ныр кӕугӕ ӕмӕ дзыназгӕ чи кодта, уыдонӕн.
Лӕппу уый куы фехъуыста, уӕд ӕнкъардӕй ацыди, уымӕн ӕмӕ йӕм бирӕ мулк уыд.
Уӕд арвыл фӕзындзӕн Адӕймаджы Фырты ӕвдисӕйнаг. Зӕххон адӕмтӕ иууылдӕр ныккӕудзысты ӕмӕ „Адӕймаджы Фырты фендзысты стыр хъомыс ӕмӕ кадимӕ ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ“.
Йесо сын загъта: «Цалынмӕ сиахсаг семӕ уа, уӕдмӕ чындзӕхсӕвы хуынд адӕм, мыййаг, ӕнкъард кӕндзысты? Фӕлӕ ралӕудзӕни ахӕм бон, ӕмӕ сиахсаг се ’хсӕнӕй тыхист куы ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ уӕд дардзысты ком.
Уӕд уасӕг дыккаг хатт ныууасыд. Ӕмӕ Петры зӕрдыл ӕрлӕууыдысты Йесойы ныхӕстӕ: «Уасӕг дыууӕ хатты нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи». Ӕмӕ кӕуын райдыдта.
Йесо сӕ бафарста: «Уый цӕуыл дзурут цӕугӕ-цӕуын?» Уыдон ӕнкъардӕй ӕрлӕууыдысты,
уымӕн ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕм уӕ зӕрдӕтӕ хъынцъым кӕнынц.
Магдалӕйаг Мариа ацыди ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕн радзырдта, Хицауы кӕй федта ӕмӕ йын Уый цы загъта, уыдӕтты тыххӕй.