Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 16:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Сабат куы аивгъуыдта, уӕд магдалӕйаг Мариа, Йаковы мад Мариа ӕмӕ Саломи балхӕдтой хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, цӕмӕй ацӕуой ӕмӕ Йесойы байсӕрдой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 16:1
19 Iomraidhean Croise  

Уый фӕстӕ йӕ лӕггадгӕнӕг дохтыртӕн бардзырд радта, цӕмӕй йын йӕ фыды мардмӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕй базилой. Ӕмӕ дохтыртӕ базылдысты Израилы мардмӕ.


Йӕхицӕн Давиды сахары цы зӕппадз ӕрцӕттӕ кодта, уым ӕй бавӕрдтой. Йӕ хуыссӕнуат ын алыхуызон хӕрздӕфгӕнӕнтӕй байдзаг кодтой. Йӕ ныгӕнӕн бон ын йӕ номыл басыгътой тынг бирӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ.


Йесо уыди Вифанийы, хъотырӕй рынчын Симоны хӕдзары. Фынджы уӕлхъус куы бадти, уӕд Ӕм бацыди иу сылгоймаг дурынимӕ, йӕ мидӕг та уыди, нард, зӕгъгӕ, цы зайӕгой хонынц, уымӕй конд сыгъдӕг ӕмӕ зынаргъ хӕрздӕфгӕнӕн. Сылгоймаг дурыны хъуыр асаста ӕмӕ хӕрздӕфгӕнӕн Йесойы сӕрыл уадзын райдыдта.


Сылгоймаг, йӕ бон цы уыди, уый бакодта: Мӕ баныгӕныны размӕ Мын Мӕ буар хӕрздӕфгӕнӕнӕй байсӕрста.


Уым уыди сылгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ кастысты дардӕй: се ’хсӕн — магдалӕйаг Мариа, Иосет ӕмӕ кӕстӕр Йаковы мад Мариа, стӕй Саломи.


Уӕдмӕ баизӕр ис, ӕмӕ, майрӕмбон кӕй уыди — сабатмӕ цӕттӕгӕнӕн бон, —


Магдалӕйаг Мариа ӕмӕ Иосеты мад Мариа та кастысты ӕмӕ федтой, кӕм Ӕй бавӕрдтой, уый.


Ӕмӕ къуырийы фыццаг бон, райсомӕй раджы, хур куыддӕр скастис, афтӕ ӕрбацыдысты зӕппадзмӕ.


Сылгоймӕгтӕ зӕппадзӕй куы рацыдысты, уӕд згъорынмӕ фесты. Фыр адӕргӕй сӕхи дӕр нал ӕмбӕрстой ӕмӕ никӕмӕн ницы загътой, уымӕн ӕмӕ тарстысты.


Уый уыди майрӕмбоны, изӕрӕй, ныридӕгӕн сабатбон райдыдта.


Куы раздӕхтысты, уӕд ӕрцӕттӕ кодтой хӕрздӕфгӕнӕнтӕ. Сабат сын, иудейаг Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, уыди ӕнцойбон.


Къуырийӕн йӕ фыццаг бон сылгоймӕгтӕ, цы хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕрцӕттӕ кодтой, уыдон семӕ райстой, афтӕмӕй сӕумӕйӕ зӕппадзмӕ атындзыдтой.


Йесойы дзуары цур лӕууыдысты Йӕ мад, Йӕ мады хо, Клеопайы ус Мариа, ӕмӕ магдалӕйаг Мариа.


Уыди майрӕмбон, ӕмӕ иудейӕгты нӕ фӕндыд, цӕмӕй мӕрдтӕ сабаты дзуарыл ауыгъдӕй баззайой, уымӕн ӕмӕ уыцы сабаты стыр бӕрӕгбон уыди. Уымӕ гӕсгӕ Пилатӕй куырдтой мӕрдтӕн сӕ зӕнгтӕ асӕттын ӕмӕ сӕ дзуарӕй ӕрисын.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan