Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 15:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Пилат-иу алы бӕрӕгбоны дӕр, адӕмы курдиатмӕ гӕсгӕ, иу ахӕсты ссӕрибар кодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 15:6
10 Iomraidhean Croise  

«Сымах зонут: дыууӕ боны фӕстӕ уыдзӕни Куадзӕн, ӕмӕ Адӕймаджы Фырты дзуарыл байтындздзысты».


Фӕлӕ дзырдтой: «Ӕрмӕст бӕрӕгбоны нӕ, науӕд адӕм сызмӕнтдзысты».


Уыцы рӕстӕг сӕм ахӕстоны йӕ хъузӕттимӕ — змӕстыты рӕстӕг туг чи ныккалдта, уыдонимӕ — бадти иу лӕг, йӕ ном — Вараввӕ.


Петр та лӕууыди дуары ӕдде. Алчеримӕ зонгӕ чи уыд, уыцы ахуыргӕнинаг рацыд, загъта дуаргӕс сылгоймагӕн ӕмӕ Петры мидӕмӕ бакодта.


Ӕппынфӕстаг Пилат сразы ис семӕ ӕмӕ Йесойы радта дзуарыл байтындзынмӕ. Ӕмӕ Йесойы акодтой.


Фӕлӕ дыууӕ азы фӕстӕ Феликсы раивта Порций Фест. Фӕлӕ Феликс, иудейӕгты зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй, Павелы ахӕстоны ныууагъта.


Фесты фӕндыд иудейӕгты зӕрдӕ балхӕнын, ӕмӕ Павелы бафарста: «Фӕнды дӕ Йерусалиммӕ ацӕуын, цӕмӕй дын, азымджын дӕ цӕмӕй кӕнынц, уыдӕтты тыххӕй уым рахӕссон тӕрхон?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan