Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 15:43 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

43 уымӕ гӕсгӕ синедрионы уӕнг, нымад лӕг, аримафейаг Йосеф, йӕхӕдӕг дӕр Хуыцауы Паддзахадмӕ чи ӕнхъӕлмӕ касти, уый йӕ ныфс бахаста Пилатмӕ бацӕуын ӕмӕ дзы Йесойы мард ракурын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 15:43
16 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ фыццӕгтӕй бирӕтӕ суыдзысты фӕстӕгтӕ, фӕстӕгтӕй та — фыццӕгтӕ.


Уӕдӕ фӕстӕгтӕ уыдзысты фыццӕгтӕ, фыццӕгтӕ та — фӕстӕгтӕ. [Уымӕн ӕмӕ хуындтытӕ бирӕ сты, ӕвзӕрстытӕ — чысыл]».


Куы баизӕр, уӕд ӕрцыд аримафейаг хъӕздыг лӕг Йосеф. Уый дӕр Йесойы ахуыргӕнинаг уыди.


Петр дӕрддзӕфгомау цыди Йесойы фӕдыл суанг алчеры кӕрты онг. Уым хъахъхъӕнджытимӕ ӕрбадти ӕмӕ йӕхи артмӕ тавта.


Йесо ныридӕгӕн кӕй амарди, уый Пилатмӕ диссаг фӕкаст, сӕдӕйыхицаумӕ фӕсидти ӕмӕ йӕ бафарста: «Раджы амард?»


Йерусалимы цардис иу рӕстгӕнӕг, йӕ ном — Симеон. Уый уыди Хуыцауыл ӕнувыд адӕймаг ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ касти, Хуыцау Израилы кӕд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ. Симеон хайджын уыди Сыгъдӕг Удӕй.


Уый дӕр сӕм уыцы рӕстӕг бацыди, кадджын кодта Хуыцауы, Йерусалимы фервӕзтмӕ ӕнхъӕлмӕ чи касти, уыдонӕн дзырдта Йесойы тыххӕй.


Иу лӕг, йӕ ном — Йосеф, синедрионы уӕнг, хӕларзӕрдӕ ӕмӕ раст адӕймаг,


иудейаг сахар Аримафейы цӕрӕг, ӕнхъӕлмӕ касти Хуыцауы Паддзахадмӕ. Уый разы нӕ уыди, синедрион цы уынаффӕ рахаста ӕмӕ цы сарӕзта, уыимӕ.


Уый фӕстӕ аримафейаг Йосеф (уый дӕр Йесойы ахуыргӕнинаг уыди, фӕлӕ йӕ не ’ргом кодта, уымӕн ӕмӕ иудейӕгтӕй тарсти) бахатыди Пилатмӕ, цӕмӕй йын ратта Йесойы мард. Пилат ын бар радта. Йосеф ацыд ӕмӕ Йесойы мард ахаста.


Фӕлӕ иудейӕгтӕ сардыдтой дингӕнӕг уӕздан сылгоймӕгты, стӕй сахары хицӕутты. Павел ӕмӕ Варнавӕйы фӕдыл зилын райдыдтой, ӕмӕ сӕ уырдыгӕй ратардтой.


Уыдонӕй баууӕндыдысты бирӕтӕ, стӕй ма бердзенаг кадджын сылгоймӕгтӕ ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕй дӕр дзӕвгар.


Ӕмӕ, ӕз ахст кӕй дӕн, уый ӕфсымӕртӕн сӕ фылдӕры сразӕнгард кодта Бардарӕгыл зӕрдӕ тынгдӕр дарынмӕ, ӕмӕ ноджы ныфсхастдӕрӕй, уӕндондӕрӕй хъусын кӕнынц Хуыцауы ныхас.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan