40 Уым уыди сылгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ кастысты дардӕй: се ’хсӕн — магдалӕйаг Мариа, Иосет ӕмӕ кӕстӕр Йаковы мад Мариа, стӕй Саломи.
Дӕ азарӕй мӕ бахиз, Дӕ къухы цӕфтӕй сӕфын ӕз.
Филипп ӕмӕ Варфоломей, Фома ӕмӕ хъалонисӕг Матфей, Алфейы фырт Йаков ӕмӕ, фӕсномыгӕй Фаддей кӕй хуыдтой, уыцы Леввей,
Хъӕддӕсныйы фырт нӕу, ӕви? Йӕ мады ном Мариа нӕу, мыййаг? Йаков, Йосеф, Симон ӕмӕ Иудӕ Йе ’фсымӕртӕ не сты?
Магдалӕйаг Мариа ӕмӕ иннӕ Мариа дӕр уыдысты уым ӕмӕ зӕппадзӕн йӕ бакомкоммӕ бадтысты.
Сабат куы аивгъуыдта, уӕд, къуырийӕн йӕ фыццаг бон, магдалӕйаг Мариа ӕмӕ иннӕ Мариа сӕударӕй ӕрцыдысты зӕппадз бабӕрӕг кӕнынмӕ.
Магдалӕйаг Мариа ӕмӕ Иосеты мад Мариа та кастысты ӕмӕ федтой, кӕм Ӕй бавӕрдтой, уый.
Сабат куы аивгъуыдта, уӕд магдалӕйаг Мариа, Йаковы мад Мариа ӕмӕ Саломи балхӕдтой хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, цӕмӕй ацӕуой ӕмӕ Йесойы байсӕрдой.
Йесо, къуырийы фыццаг бон куы райгас ис сӕумӕйӕ, уӕд уал фыццаг Йӕхи раргом кодта магдалӕйаг Мариамӕ — авд дӕлимоны кӕмӕй расырдта, уымӕ.
Йесойы фенын ӕй фӕндыди, фӕлӕ асӕй ныллӕг уыд, ӕмӕ йӕм адӕмӕй нӕ зынди.
Йесойы зонгӕтӕ, стӕй, Йӕ фӕдыл Галилейӕ чи рацыди, уыцы сылгоймӕгтӕ та дӕрддзӕф лӕууыдысты ӕмӕ, цытӕ цӕуы, уыдӕттӕм кастысты.
Ӕви иннӕ апостолтӕн, Дунедарӕджы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ Кифӕйӕн, устытӕ куыд ис, афтӕ мӕнӕн мӕ уырнӕг хотӕй искӕй мӕхицӕн цардӕмбал скӕныны бар нӕй, кӕмдӕриддӕр мемӕ куыд уа, афтӕ?
Иннӕ апостолтӕй, Бардарӕг Йесойы ӕфсымӕр Йаковы йеддӕмӕ, ӕз никӕй федтон.
Йаковӕй, Хуыцауы ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы цагъарӕй, — ӕцӕгӕлон адӕмты ’хсӕн цы дыууадӕс мыггаджы ныххӕлиу, уыдонмӕ. Фӕрнджын ут.