34 Фарӕстӕм сахатыл Йесо хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Элои, Элои, лема сабахтани?», ома: «Мӕ Хуыцау, Мӕ Хуыцау, цӕмӕн Мӕ ныууагътай?»
Давиды псалом. Дунедарӕг — мӕ Фыййау, ӕз ницы цух уыдзынӕн:
О Хуыцау, фервӕзын кӕн Дӕ адӕмы, арфӕ ракӕн Дӕ исбонӕн, хиз ӕмӕ сӕ хъахъхъӕн мыггагмӕ.
Бакувӕнт ын ӕппӕт паддзӕхтӕ, лӕггад ын кӕнӕнт ӕппӕт адӕмтӕ.
Дунедарӕг загъта: «Мӕ мӕгуыр, Мӕ гӕвзыкк адӕм дойныйӕ мӕлынц ӕмӕ дон нӕ арынц, донмондагӕй се ’взаг сӕ комы ныххус ис. Фӕлӕ сӕ Ӕз — Дунедарӕг, Израилы Хуыцау — фехъусдзынӕн, сӕ тыхсты сӕ нӕ ныууадздзынӕн.
Фӕндаггӕттӕ! Цӕут мӕ рӕзты, фӕлӕ-ма ӕрбакӕсут: ӕз цы хъизӕмар ӕвзарын, ахӕм ма искуы фендӕуыд? Уӕ, Дунедарӕг ӕй мӕныл йӕ судзгӕ масты бон куы бафтыдта!
Цӕмӕн нӕ ныууагътай уый бӕрц рӕстӕгмӕ? Цӕуылнӕ нӕ ӕрымысыдтӕ ныронг?
Мӕ кувыны рӕстӕг, изӕры нывӕндты афонмӕ ’ввахс, мӕ разы февзӕрд, мӕ фыццаг цӕстылуайӕны кӕй федтон, уыцы Гавриил.
Ӕхсӕз сахатыл бӕстӕ ӕгасӕй дӕр баталынг ӕмӕ афтӕ ахаста фараст сахаты онг.
Фараст сахатмӕ ӕввахс Йесо хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Эли, Эли, лема сабахтани?» Ома: «Мӕ Хуыцау, Мӕ Хуыцау, цӕмӕн Мӕ ныууагътай?»
Ӕртыккаг сахат уыди, афтӕ Йӕ дзуарыл байтыгътой.
Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, уым чи лӕууыди, уыдонӕй чидӕртӕ загътой: «Илийамӕ дзуры».
Уыдис ӕхсӕз сахатмӕ ӕввахс. Бӕстӕ ӕгасӕй дӕр саудалынг баци ӕмӕ суанг фарӕстӕм сахаты онг йӕ хуыз нӕ аивта,
Йесо хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Мӕ Фыд, Дӕ къухмӕ Дын дӕттын Мӕ уд». Ӕмӕ, афтӕ куыддӕр загъта, афтӕ Йӕ уд систа.
Иу хатт, фарӕстӕм сахатмӕ хӕстӕг, Корнелимӕ Хуыцауы зӕд раргом ис. Зӕд ӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Корнелий!»
Йӕ зӕххон буары ма куы уыди, уӕд дзыназгӕйӕ ӕмӕ цӕссыг калгӕйӕ куывта ӕмӕ куырдта, мӕлӕтӕй Йӕ фервӕзын кӕнын Кӕй бон уыди, уыцы Хуыцауӕй, ӕмӕ Йӕ Уый фехъуыста, аргъуыц Ын кӕй кодта, уый тыххӕй.