3 Ӕмӕ Йӕ алчертӕ бирӕ хъуыддӕгты азымджын кодтой.
Дӕ тызмӕг цӕстӕнгас мӕ аздах ӕмӕ мын иу чысыл циндзинад ратт, цалынмӕ нӕ аивгъуыдтон ӕмӕ мӕ фӕд нӕ фесӕфти, уӕдмӕ».
Карз Ӕй ӕфхӕрдтой, фӕлӕ Уый ӕдзӕмӕй лӕууыди, ӕргӕвдынмӕ кӕй ракӕнынц, уыцы уӕрыккау, ӕлвынгӕ кӕй фӕкӕнынц, уыцы фысау. Хъыпп-сыпп дӕр не скодта.
Фӕлӕ Йӕ алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ зылын кӕнын куы райдыдтой, уӕд сын Йесо ницы дзуапп радта.
Пилат Ӕй бафарста: «Ды иудейӕгты Паддзах дӕ?» Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй зӕгъыс».
Пилат та Йӕ бафарста: «Ницы дзуапп дӕттыс? Уыныс, куыд бирӕ азым Дӕм хӕссынц».
Фӕлӕ йын Йесо ницыуал загъта, ӕмӕ Пилат дисы бафтыди.
Уӕдӕй фӕстӕмӕ Пилат архайдта Йӕ рауадзыныл. Иудейӕгтӕ та хъӕр кодтой: «Куы Йӕ рауадзай, уӕд кесӕры лымӕн нӕ дӕ. Йӕхицӕй паддзах чидӕриддӕр аразы, уый кесӕры знаг у».