20 Сӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн сӕхи куы фӕирхӕфстой, уӕд Ын Йӕ сӕнт сырх пӕлӕз раластой, фӕстӕмӕ Йыл Йӕхи дарӕс скодтой ӕмӕ Йӕ дзуарыл байтындзынмӕ акодтой.
Дзӕбӕх Дзы куы фӕхынджылӕг кодтой, уӕд Ын раластой Йӕ пӕлӕз, фӕстӕмӕ Йыл Йӕхи дарӕс скодтой ӕмӕ Йӕ байтындзынмӕ акодтой.
Йӕ сӕр Ын лӕдзӕгӕй цавтой, тутӕ Йыл кодтой, Йӕ разы-иу сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ-иу зӕххыл ныддӕлгом сты.
Уыцы рӕстӕг фӕссахарӕй ӕрбацӕйцыди иу киренӕйаг лӕг, Симон, Александр ӕмӕ Руфы фыд; ӕмӕ Йесойы дзуар уымӕн ахӕссын кодтой.
Ӕппынфӕстаг Пилат сразы ис семӕ ӕмӕ Йесойы радта дзуарыл байтындзынмӕ. Ӕмӕ Йесойы акодтой.