Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 15:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Йӕ сӕр Ын лӕдзӕгӕй цавтой, тутӕ Йыл кодтой, Йӕ разы-иу сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ-иу зӕххыл ныддӕлгом сты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 15:19
32 Iomraidhean Croise  

Авраамы цагъар уый куы фехъуыста, уӕд Дунедарӕджы раз ныддӕлгом ис зӕххыл.


Уыдон ын дзуапп радтой: «Дзӕбӕх, сӕрӕгас у дӕ цагъар, нӕ фыд». Ӕмӕ та ӕрзоныг кодтой йӕ разы.


Ӕцӕг, Израилы адӕмӕй авд мин лӕджы ныууадздзынӕн сӕрӕгасӕй, уымӕн ӕмӕ уыдонӕй ничи ӕрзоныг кодта Баалы раз, ничи йын аба кодта йӕ гуымирыйӕн».


Куы уӕ бафӕлвара, уӕд та цы фӕуыдзыстут? Адӕймаджы куыд асайут, афтӕ Йӕ афӕливдзыстут?


Мӕхицӕй сомы кӕнын, Мӕ дзыхӕй рӕстдзинад кӕй цӕуы ӕмӕ Мӕ дзырдӕн аивӕн кӕй нӕй, уый тыххӕй: Мӕ разы ӕрзоныг кӕндзӕн алы адӕймаг, алы ӕвзаг сомы кӕндзӕни Мӕнӕй.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Ирвӕзынгӕнӕг, се Стыр Хуыцау, Йе ’фхӕрд адӕмӕн, иннӕ адӕмтӕ кӕй ницӕмӕ дарынц, ӕлгъ кӕуыл кӕнынц, тыхгӕнджыты цагъар чи у, уыдонӕн: «Паддзӕхтӕ фендзысты, кӕй ссӕрибар стут, уый ӕмӕ уӕ разы ӕрлӕудзысты. Ӕлдӕрттӕ уын бакувдзысты иузӕрдион Дунедарӕджы фӕрцы, сымах Чи равзӕрста, уыцы Стыр Хуыцауы, Израилы Стыр Хуыцауы фӕрцы».


Ме рагъ бадардтон, нӕмгӕ мӕ чи кодта, уыдонмӕ, мӕ роцъо та — мӕ зачъе мын чи тыдта, уыдонмӕ. Мӕхи нӕ аздӕхтон, хынджылӕг мӕ чи кодта, уыдонӕй, Мӕ цӕсгом нӕ бамбӕрзтон, тутӕ мыл куы кодтой, уӕд.


Бирӕтӕ Йӕм кастысты дисгӕнгӕйӕ: адӕймаджы хуызӕн дӕр нал уыди, Йӕ буар Ын афтӕ ныггуылмызтӕ кодтой.


Ныр дӕхи хӕстмӕ ӕрцӕттӕ кӕн, ӕфсады чызг! Нӕ алыварс ӕрхъула кодтой знӕгтӕ, Израилы хицауиуӕг чи кӕны, уымӕн йӕ рустӕ лӕдзӕгӕй цӕвдзысты.


Фӕтутӕ Йыл кодтой, уый фӕстӕ Йын райстой Йӕ лӕдзӕг ӕмӕ Йын дзы Йӕ сӕр цавтой.


Уыдон Ын алы ӕфхӕрӕн митӕ кӕндзысты, ехсӕй Йӕ нӕмдзысты, тутӕ Йыл кӕндзысты ӕмӕ Йӕ амардзысты. Фӕлӕ ӕртӕ боны фӕстӕ райгас уыдзӕн».


Ӕмӕ Йыл чидӕртӕ тутӕ кӕнын райдыдтой, Йӕ цӕсгом-иу Ын бамбӕрзтой, цавтой Йӕ ӕмӕ Йын дзырдтой: «Кӕд пехуымпар дӕ, уӕд Дӕ чи ныццавта, уый-ма базон». Хъахъхъӕнджытӕ дӕр Ын Йӕ рустӕ цавтой.


ӕмӕ дзырдтой: «Ӕгас цӕуӕд иудейаг Паддзах!»


Сӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн сӕхи куы фӕирхӕфстой, уӕд Ын Йӕ сӕнт сырх пӕлӕз раластой, фӕстӕмӕ Йыл Йӕхи дарӕс скодтой ӕмӕ Йӕ дзуарыл байтындзынмӕ акодтой.


Йесо сын дзуапп радта: «Раст у, раздӕр хъуамӕ Илийа ӕрцӕуа ӕмӕ ӕппӕт дӕр банывыл кӕна. Сыгъдӕг Фысты уӕдӕ афтӕ загъд цӕмӕн ис, Адӕймаджы Фырт хъуамӕ бирӕ удхӕрттӕ бавзара ӕмӕ хынджылӕггаг суа, зӕгъгӕ?


Йесойы чи хъахъхъӕдта, уыцы адӕм Дзы хынджылӕг кодтой ӕмӕ Йӕ цавтой.


Ирод ӕмӕ йе ’фсӕддонтӕ Йесойы ӕгады бынаты сӕвӕрдтой, сӕхицӕн дзы хъазӕнхъул сарӕзтой. Уый фӕстӕ Йыл Ирод зынаргъ дарӕс скӕнын кодта ӕмӕ Йӕ фӕстӕмӕ Пилатмӕ арвыста.


Ӕфсӕддонтӕ Дзы хынджылӕг кодтой — бацыдысты-иу Ӕм, Йӕ дзыхмӕ-иу Ын туаг сӕн схастой


Цы дзуапп ын радта Хуыцау? «Ӕз Мӕхицӕн ныууагътон, Баалы раз сӕ зонгуытыл чи не ’рлӕууыд, уыцы авд мин адӕймаджы».


цӕмӕй Йесойы номы раз ӕрзоныг кӕной, уӕларв, зӕххыл ӕмӕ дӕлдзӕх чидӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр,


Уӕдӕ Йӕм фӕцӕуӕм фӕссахармӕ, ӕмӕ Йӕ ӕгад мах ӕгад дӕр суӕд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan