17 Сӕнт сырх пӕлӕз Ыл скодтой, сындзытӕй кады худ сбыдтой, Йӕ сӕрыл Ын ӕй ӕркодтой
Ӕфсӕддонтӕ Йесойы акодтой бӕстыхицауы галуаны мидӕггаг кӕртмӕ, ӕмӕ ӕгас ӕфсӕддон хаймӕ дӕр уырдӕм фӕсидтысты.
ӕмӕ дзырдтой: «Ӕгас цӕуӕд иудейаг Паддзах!»
Ирод ӕмӕ йе ’фсӕддонтӕ Йесойы ӕгады бынаты сӕвӕрдтой, сӕхицӕн дзы хъазӕнхъул сарӕзтой. Уый фӕстӕ Йыл Ирод зынаргъ дарӕс скӕнын кодта ӕмӕ Йӕ фӕстӕмӕ Пилатмӕ арвыста.