Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 15:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Уӕд Пилат, адӕмы зӕрдӕ балхӕныны охыл, Вараввӕйы ахӕстонӕй рауагъта, Йесойы та ехсӕй фӕнӕмын кодта ӕмӕ Йӕ дзуарыл байтындзынмӕ радта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 15:15
17 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг! Ды нын нӕ тӕригъӕдтӕм куы кӕсай, уӕд чи бафӕраздзӕн!


Рӕстуд цинӕй райдзӕни, Хуыцау ын ӕнӕхуыцӕуттӕй йӕ маст куыд райста, уый фенгӕйӕ, ӕмӕ йӕ къӕхтӕ ӕнӕхуыцӕутты туджы ӕрӕхсдзӕн.


Адӕмы раз тас кӕмӕ ис, уымӕн уый — йӕ ахсӕн хыз, Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уый — ӕдас.


Ме рагъ бадардтон, нӕмгӕ мӕ чи кодта, уыдонмӕ, мӕ роцъо та — мӕ зачъе мын чи тыдта, уыдонмӕ. Мӕхи нӕ аздӕхтон, хынджылӕг мӕ чи кодта, уыдонӕй, Мӕ цӕсгом нӕ бамбӕрзтон, тутӕ мыл куы кодтой, уӕд.


Муртаттӕгты ӕвджид Ӕй ныууадздзысты, цӕмӕй Дзы уыдон хъазинаг скӕной, ехсӕй Йӕ фӕнӕмой ӕмӕ Йӕ дзуарыл байтындзой, фӕлӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн».


Уӕд сын Пилат рауагъта Вараввӕйы, Йесойы та ехсӕй фӕнӕмын кодта ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй Йӕ дзуарыл байтындзой.


Уыдон Ын алы ӕфхӕрӕн митӕ кӕндзысты, ехсӕй Йӕ нӕмдзысты, тутӕ Йыл кӕндзысты ӕмӕ Йӕ амардзысты. Фӕлӕ ӕртӕ боны фӕстӕ райгас уыдзӕн».


Пилат сын загъта: «Уагӕр ӕвзӕрӕй цы ракодта?» Фӕлӕ уыдон ноджы тынгдӕр ныхъхъӕр кодтой: «Байтындз Ӕй!»


ехсӕй Йӕ фӕнӕмдзысты ӕмӕ Йӕ амардзысты, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕни».


Ӕз Ӕй ехсӕй фӕнӕмын кӕндзынӕн ӕмӕ Йӕ ахӕстонӕй рауадздзынӕн».


Уӕд Пилат Йесойы ехсӕй фӕнӕмын кодта.


Ӕппынфӕстаг Пилат сразы ис семӕ ӕмӕ Йесойы радта дзуарыл байтындзынмӕ. Ӕмӕ Йесойы акодтой.


Фӕлӕ дыууӕ азы фӕстӕ Феликсы раивта Порций Фест. Фӕлӕ Феликс, иудейӕгты зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй, Павелы ахӕстоны ныууагъта.


Фесты фӕндыд иудейӕгты зӕрдӕ балхӕнын, ӕмӕ Павелы бафарста: «Фӕнды дӕ Йерусалиммӕ ацӕуын, цӕмӕй дын, азымджын дӕ цӕмӕй кӕнынц, уыдӕтты тыххӕй уым рахӕссон тӕрхон?»


Иннӕ апостолтӕй, Бардарӕг Йесойы ӕфсымӕр Йаковы йеддӕмӕ, ӕз никӕй федтон.


Уый нын нӕ тӕригъӕдтӕ Йӕ буаримӕ систа дзуармӕ, цӕмӕй амӕлӕм тӕригъӕдӕн ӕмӕ цӕрӕм рӕстадӕн. Сымах Йӕ хъӕдгӕмттӕй сдзӕбӕх стут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan