71 Уӕд Петр ард хӕрын ӕмӕ Хуыцауӕй сомы кӕнын райдыдта: «Кӕй кой кӕнут, ӕз уыцы Адӕймаджы нӕ зонын».
Паддзах Йегуйы заман Дунедарӕг райдыдта Израилы зӕхх дихтӕ кӕнын. Сирийы паддзах Хазаел бацахста бӕстӕйы стыр хай Иорданӕй скӕсӕнӕрдӕм, Арноны былгӕрон Ароеры сахарӕй райдай ӕмӕ суанг Галаады хӕхбӕстӕ ӕмӕ Башаны къуылдымты онг. Уыдон сты Гады, Рувимы ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндӕгты зӕххытӕ.
Адӕймаджы зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр нӕй, нӕй йын срастгӕнӕн! Чи йӕ базондзӕн?
Ӕмӕ та Петр уӕддӕр нӕ басасти. Чысыл фӕстӕдӕр, уым чи лӕууыд, уыдон ногӕй загътой Петрӕн: «Нӕ, ды дӕр бӕлвырд уыдонӕй дӕ, уымӕн ӕмӕ галилейаг дӕ. [Де ’взаджы здӕхт дыл комдзог цӕуы.]»
Уӕд уасӕг дыккаг хатт ныууасыд. Ӕмӕ Петры зӕрдыл ӕрлӕууыдысты Йесойы ныхӕстӕ: «Уасӕг дыууӕ хатты нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи». Ӕмӕ кӕуын райдыдта.
Уӕдӕ кӕд исчи афтӕ ӕнхъӕл у, фидар лӕууы, зӕгъгӕ, уӕд кӕсӕд йӕхимӕ, цӕмӕй ма ахауа.