Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 14:70 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

70 Ӕмӕ та Петр уӕддӕр нӕ басасти. Чысыл фӕстӕдӕр, уым чи лӕууыд, уыдон ногӕй загътой Петрӕн: «Нӕ, ды дӕр бӕлвырд уыдонӕй дӕ, уымӕн ӕмӕ галилейаг дӕ. [Де ’взаджы здӕхт дыл комдзог цӕуы.]»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 14:70
8 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ Петр нӕ басасти: «Цытӕ дзурыс, ӕз уымӕн ницы зонын ӕмӕ, цы дзурыс, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕнын». Уыйадыл ӕддаг кӕртмӕ рацыди, ӕмӕ уалынмӕ уасӕг ныууасыд.


Лӕггадгӕнӕг сылгоймаг та йӕ уым дӕр ауыдта ӕмӕ, йӕ фарсмӕ чи лӕууыд, уыдонӕн загъта: «Ай уыдонӕй у».


Уӕд Петр ард хӕрын ӕмӕ Хуыцауӕй сомы кӕнын райдыдта: «Кӕй кой кӕнут, ӕз уыцы Адӕймаджы нӕ зонын».


ӕмӕ дисгӕнгӕ фарстой: «Чи дзуры, уыдон иууылдӕр галилейӕгтӕ не сты, ӕви?


Галаадӕгтӕ йын-иу загътой: «Зӕгъ-ма уӕдӕ „шибболет“». Ефремонӕн-иу уыцы дзырд йӕ дзыхы нӕ бадти, ӕмӕ-иу «сибболет» загъта. Уӕд-иу ӕм фӕлӕбурдтой ӕмӕ-иу ӕй Иорданы донуайӕны раз амардтой. Уыцы заман ефремонтӕй амардӕуыд дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз минмӕ ’ввахс.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan