67 Петры артмӕ йӕхи тавгӕ куы федта, уӕд ӕм ӕдзынӕг ныккасти ӕмӕ загъта: «Ды дӕр Назаретаг Йесоимӕ уыдтӕ».
Ӕрцыдис уырдӕм ӕмӕ ӕрцарди, Назарет цы сахар хуынди, уым. Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпартӕ цы загътой, уый: «Схондзысты Йӕ Назорей».
Йӕ фӕдыл цы адӕм цыди, уыдон та дзырдтой: «Уый пехуымпар Йесо у, галилейаг Назаретӕй».
«Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Назаретаг Йесо? Ды нӕ фесафынмӕ ӕрцыдтӕ! Ӕз зонын, Чи дӕ, уый — Ды Хуыцауы Сыгъдӕг дӕ».
Йӕ рӕзты Назаретаг Йесо фӕцӕуы, уый куы фехъуыста, уӕд хъӕр систа: «Йесо, Давиды Фырт, батӕригъӕд мын кӕн!»
Петр дӕрддзӕфгомау цыди Йесойы фӕдыл суанг алчеры кӕрты онг. Уым хъахъхъӕнджытимӕ ӕрбадти ӕмӕ йӕхи артмӕ тавта.
Уазал кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ цагъартӕ ӕмӕ хъахъхъӕнджытӕ арт скодтой, йӕ алыварс слӕууыдысты ӕмӕ сӕхи тавтой. Петр дӕр лӕууыд семӕ ӕмӕ йӕхи тавта.
Пилат дзуарыл фӕйнӕджы гӕбаз ныххуыйын кодта ахӕм фыстимӕ: «Назаретаг Йесо, иудейаг Паддзах».
Сымах зонут, Хуыцау Назаретаг Йесойы кӕй схайджын кодта Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ хъаруйӕ. Йесо цыди ӕмӕ алы ран дӕр арӕзта хорз хъуыддӕгтӕ, дзӕбӕх кодта хӕйрӕджджынты, уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йемӕ уыд.