Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 14:65 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

65 Ӕмӕ Йыл чидӕртӕ тутӕ кӕнын райдыдтой, Йӕ цӕсгом-иу Ын бамбӕрзтой, цавтой Йӕ ӕмӕ Йын дзырдтой: «Кӕд пехуымпар дӕ, уӕд Дӕ чи ныццавта, уый-ма базон». Хъахъхъӕнджытӕ дӕр Ын Йӕ рустӕ цавтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 14:65
17 Iomraidhean Croise  

Уӕд Кенаанайы фырт Цедекиа Михайы цурмӕ бацыди, йе ’хсӕрфарс ын ныдздзӕхст ласта ӕмӕ загъта: «Уый та куыд? Ома Дунедарӕджы Уд мӕныл Йӕхи атигъ кодта ӕмӕ дӕ дзыхӕй дзурын райдыдта?»


Паддзах фӕстӕмӕ куы ӕрбацыди ӕмӕ Аманы Естеры бадӕны раз гуыбырӕй куы федта, уӕд фӕхъӕр кодта: «Ӕхсин-паддзахмӕ дӕр ма дӕ зӕрдӕ бахъазыди мӕ тӕккӕ хӕдзары?!» Куыддӕр паддзахы дзыхӕй уыцы ныхӕстӕ схаудтой, афтӕ хъахъхъӕнджытӕ Аманы ацахстой.


Былысчъилӕй мӕ сӕхи иуварс ласынц, ӕнӕфсӕрмӕй мыл ту кӕнынц.


Ме рагъ бадардтон, нӕмгӕ мӕ чи кодта, уыдонмӕ, мӕ роцъо та — мӕ зачъе мын чи тыдта, уыдонмӕ. Мӕхи нӕ аздӕхтон, хынджылӕг мӕ чи кодта, уыдонӕй, Мӕ цӕсгом нӕ бамбӕрзтон, тутӕ мыл куы кодтой, уӕд.


Бирӕтӕ Йӕм кастысты дисгӕнгӕйӕ: адӕймаджы хуызӕн дӕр нал уыди, Йӕ буар Ын афтӕ ныггуылмызтӕ кодтой.


Адӕм Ӕй ницӕмӕ ӕрдардтой, сӕ чъылдым Ӕм раздӕхтой. Рис ӕмӕ Йыл низтӕ сӕ фӕд ныууагътой. Уӕдӕ Йыл мах дӕр былысчъилтӕ кодтам ӕмӕ Йӕм не ’ргом не раздӕхтам, мисхалы бӕрц дӕр Ын нӕ аргъ кодтам.


Ныр дӕхи хӕстмӕ ӕрцӕттӕ кӕн, ӕфсады чызг! Нӕ алыварс ӕрхъула кодтой знӕгтӕ, Израилы хицауиуӕг чи кӕны, уымӕн йӕ рустӕ лӕдзӕгӕй цӕвдзысты.


Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Йӕ фыд ын йӕ цӕсгомыл куы бату кӕнид, уӕд авд боны дӕргъы фыр ӕфсӕрмӕй йӕхи не ’мбӕхсид? Авд боны дӕргъы рӕсӕнуаты ӕдде фӕуӕд ӕмӕ-иу уый фӕстӕ ӕрбацӕуӕд».


Фӕтутӕ Йыл кодтой, уый фӕстӕ Йын райстой Йӕ лӕдзӕг ӕмӕ Йын дзы Йӕ сӕр цавтой.


Уыдон Ын алы ӕфхӕрӕн митӕ кӕндзысты, ехсӕй Йӕ нӕмдзысты, тутӕ Йыл кӕндзысты ӕмӕ Йӕ амардзысты. Фӕлӕ ӕртӕ боны фӕстӕ райгас уыдзӕн».


Йӕ сӕр Ын лӕдзӕгӕй цавтой, тутӕ Йыл кодтой, Йӕ разы-иу сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ-иу зӕххыл ныддӕлгом сты.


Йесо афтӕ куы загъта, уӕд Ын хъахъхъӕнджытӕй иу — хӕстӕг Ӕм чи лӕууыди, уый — Йӕ цӕсгом ныццавта ӕмӕ загъта: «Алчерӕн ахӕм дзуапп дӕттыс?»


Хӕстӕг-иу Ӕм бацыдысты ӕмӕ хъӕр кодтой: «Ӕгас цӕуӕд иудейаг Паддзах!» Ӕмӕ Йӕ дзӕхстытӕ кодтой.


Уӕд алчер Ананиа, Павелы фарсмӕ чи лӕууыд, уыдонӕн бардзырд радта, цӕмӕй йын йӕ былтӕ цӕвой.


уырнындзинад Чи дӕтты ӕмӕ йӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст Чи кӕны, уыцы Йесомӕ кӕсгӕйӕ: цы цины аккаг уыд, уый бӕсты фӕразонӕй фӕхъизӕмар кодта, худинаг ницӕмӕ ӕрдардта, афтӕмӕй амарди дзуарыл ӕмӕ ныр «бады Хуыцауы рахизфарс».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan