64 Хуыцауы куыд фауы, уый уӕхӕдӕг фехъуыстат. Цы хъуыды уӕм ис?» Се ’ппӕт дӕр Ӕй банымадтой аххосджыныл, марыны тӕрхон рахӕссыны аккаг у, зӕгъгӕ.
Дунедарӕджы ном чи рафауа, уый мард ӕрцӕуӕд: адӕм-иу ӕй иумӕ дурты бын фӕкӕнӕнт. Ӕрцӕуӕггаг ӕви бынӕттон цӕрӕг уа, — Дунедарӕджы ном чи рафауа, уый хъӕуы амарын.
Уыдон загътой: «Цавӕр ӕвдисӕйнӕгтӕ ма нӕ хъӕуы? Йӕхи дзыхӕй йӕ куы фехъуыстам!»
Иудейӕгтӕ йын дзуапп радтой: «Махӕн ис Ӕгъдау ӕмӕ, уыцы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, Уый хъуамӕ амӕла, уымӕн ӕмӕ Йӕхицӕй Хуыцауы Фырт аразы».
Уӕд иудейӕгтӕ ноджы тынгдӕр Йӕ амарыныл архайын райдыдтой. Уымӕн ӕмӕ Уый канд сабаты ӕгъдау нӕ хӕлдта, фӕлӕ ма Хуыцауы дӕр хуыдта Йӕ Фыд ӕмӕ уымӕй Йӕхи кодта Хуыцауы ӕмсӕр.
Искӕмӕн йӕ фыдракӕнды тыххӕй марыны тӕрхон куы ӕмбӕла ӕмӕ йӕ куы ’рцауындзат,