Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 14:58 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

58 «Мах нӕхи хъустӕй фехъуыстам, Уый афтӕ кӕй дзырдта: „Ӕз ацы Кувӕндон — адӕймаг кӕй сарӕзта, уый — фехалдзынӕн ӕмӕ ӕртӕ бонмӕ сараздзынӕн ӕндӕр, адӕймаджы къухӕй конд чи нӕ уа, ахӕм“».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 14:58
11 Iomraidhean Croise  

Уалынджы хохӕй йӕхи ӕгъдауӕй дур фӕхицӕн ис, гуымирыйы ӕлыг ӕмӕ ӕфсӕйнагӕй конд къӕхтыл ӕрхаудис ӕмӕ сӕ ныззыгуым кодта.


Ды уый тыххӕй федтай, хохӕй йӕхи ӕгъдауӕй дур куыд фӕхицӕн ис ӕмӕ ӕфсӕйнаг, ӕрхуы, ӕлыг, ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин куыд базгъӕлӕнтӕ сты, уый. Гъе, афтӕ стыр Хуыцау паддзахӕн базонын кодта фидӕны цаутӕ. Фыны цыдӕриддӕр федтай, уыдон ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзысты, ӕмӕ дын дӕ фын раст кӕй райхӕлдтон, ууыл гуырысхо ма кӕн».


ӕмӕ загътой: «Уый дзырдта: „Мӕ бон у Хуыцауы Кувӕндон фехалын ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ саразын“».


Цалдӕрӕй дзы сыстадысты ӕмӕ загътой:


Фӕлӕ уыдонӕн дӕр сӕ ныхӕстӕ кӕрӕдзиуыл нӕ бадтысты.


Йӕ рӕзты-иу чи фӕцӕйцыд, уыдон сӕ сӕртӕ ӕнкъуыстой ӕмӕ Йын алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кодтой: «Гъей, Кувӕндон халӕг ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ аразӕг!


Йесо сын дзуапп радта: «Фехалут ацы Кувӕндон, ӕмӕ йӕ Ӕз ӕртӕ бонмӕ сараздзынӕн».


Фӕлӕ Иууылбӕрзонд къухӕйконд хӕдзӕртты нӕ цӕры! Уый фӕдыл пехуымпар зӕгъы:


Мах зонӕм: нӕ зӕххон хӕдзар, ацы халагъуд, куы ныккӕла, уӕд нын уӕлӕрвты ис цӕрӕнуат — адӕймаг нӕ, фӕлӕ Хуыцау кӕй сарӕзта, уыцы мыггагмӕйы хӕдзар.


Ныр та ӕрцыди Чырысти — ӕцӕг хорзӕхтӕ нын Чи ӕрхаста, уыцы Алчер, ӕмӕ бацыд ӕндӕр Уаз Цӕрӕнмӕ, кӕцы у ахсджиагдӕр, алцӕмӕй дӕр — ӕххӕст; уый хиконд, ома ацы дунейӕ нӕу.


Чырысти лӕджы къухӕй конд кувӕндонмӕ нӕ бацыд, ӕцӕг Кувӕндонӕн ӕрмӕстдӕр йӕ халдих чи у, ахӕммӕ, фӕлӕ ацыди комкоммӕ уӕларвмӕ, цӕмӕй мах тыххӕй ӕрлӕууа Хуыцауы раз.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan