Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 14:55 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

55 Уыцы рӕстӕг алчертӕ ӕмӕ ӕгас синедрион агуырдтой ӕвдисӕйнӕгтӕ Йесойы ныхмӕ, цӕмӕй Йын марыны тӕрхон рахӕссой, фӕлӕ сӕ къухы ницы ӕфтыд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 14:55
13 Iomraidhean Croise  

Йӕ бакомкоммӕ йын ӕрбадын кӕнут дыууӕ цъаммар лӕджы ӕмӕ йӕ ныхмӕ ӕвдисӕн кӕнӕнт, ды Хуыцауы ӕмӕ паддзахы ӕлгъыстай, зӕгъгӕ. Уый фӕстӕ-иу ӕй фӕссахармӕ ракӕнут ӕмӕ йӕ уым дурты бын фӕкӕнут».


Ӕрбацыдысты дыууӕ цъаммар лӕджы, Навотӕн йӕ бакомкоммӕ ӕрбадтысты ӕмӕ йӕ ныхмӕ мӕнгӕвдисӕн ныллӕууыдысты, Хуыцау ӕмӕ паддзахы ӕлгъыста, зӕгъгӕ. Стӕй йӕ фӕссахармӕ ракодтой ӕмӕ йӕ уым дурты бын фӕкодтой.


Дӕ хорзӕхы аккаг скӕн, чи Дӕ зоны, уыдоны, Дӕ рӕстады фарнӕй схайджын кӕн рӕстзӕрдӕты!


Стыр хицӕуттӕ ӕмӕ барджынтӕ Даниилмӕ сӕ хъус дардтой: паддзахады ныхмӕ исты фыдракӕнд кӕд сараздзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, цӕмӕй йӕ фӕазымджын кӕной. Фӕлӕ Даниил уыдис иузӕрдион йӕ паддзахыл, ӕмӕ йӕм сӕ бон исты аипп ссарын нӕ уыди.


Ӕз та уын зӕгъын: суанг йе ’фсымӕрмӕ йӕ зӕрдӕйы маст чи хӕссы, уый дӕр дзуапп дӕтдзӕни тӕрхоны раз; йе ’фсымӕрӕн, «ницӕйаг дӕ», зӕгъгӕ, чи зӕгъа, уый дзуапп дӕтдзӕни синедрионы раз; «ӕнӕзонд» ӕй чи рахона, уымӕ та ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындоны арт.


Бирӕтӕ мӕнгӕвдисӕн лӕууыдысты Йӕ ныхмӕ, фӕлӕ сӕ ныхас кӕрӕдзиуыл нӕ бадти.


Ныр алчер та Йесойы фарста Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йӕ ахуырады тыххӕй.


Цӕмӕн мӕ фӕрсыс? Чи Мӕм хъуыста, уыдоны бафӕрс, цы сын дзырдтон, уымӕй. Уыдон ӕй зонынц, Ӕз цы дзырдтон, уый».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan