53 Йесойы бакодтой алчермӕ. Сауджынтӕ, адӕмы хистӕртӕ ӕмӕ динамонджытӕ ӕмбырдӕй уыдысты уым.
Карз Ӕй ӕфхӕрдтой, фӕлӕ Уый ӕдзӕмӕй лӕууыди, ӕргӕвдынмӕ кӕй ракӕнынц, уыцы уӕрыккау, ӕлвынгӕ кӕй фӕкӕнынц, уыцы фысау. Хъыпп-сыпп дӕр не скодта.
Уыцы рӕстӕг алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ ӕрӕмбырд сты алчер Каиафӕйы галуаны
Лӕппу сын ӕмбӕрзӕн сӕ къухы фӕуагъта ӕмӕ бӕгънӕгӕй алыгъди.
Куыддӕр ӕрбабон ис, афтӕ алчертӕ, адӕмы хистӕртӕ, динамонджытӕ ӕмӕ ӕппӕт синедрион ӕрӕмбырд сты ӕмӕ уынаффӕ рахастой. Йесойы сбастой, акодтой Йӕ ӕмӕ Йӕ Пилаты къухмӕ радтой.