50 Уӕд Ӕй ахуыргӕнинӕгтӕ иууылдӕр фӕуагътой ӕмӕ лидзынмӕ фесты.
Дӕ азарӕй мӕ бахиз, Дӕ къухы цӕфтӕй сӕфын ӕз.
Сӕ тых ӕмӕ сӕ кад Ды дӕ, Дӕ хорзӕхы фӕрцы уӕлахиз кӕнӕм.
«О, Ӕз иунӕгӕй лӕмӕрстон сӕн, адӕмтӕй Мӕ фарсмӕ ничи ӕрбалӕууыд. Ӕмӕ Ӕз Мӕ фыр мӕстӕй се ’ппӕты дӕр ссӕстон мӕ къӕхты бын, лӕмӕрстон сӕ сӕнӕфсиры цупӕлттау. Сӕ туг Мыл-иу ӕрбакалд ӕмӕ Мын мӕнӕ самӕста Мӕ дарӕс.
Йесо сын загъта: «Ахсӕв Мӕ уе ’ппӕт дӕр ныууадздзыстут, уымӕн ӕмӕ фыст ис: „Ӕрцӕвдзынӕн фыййауы, ӕмӕ фысты дзуг ныххӕлиу уыдзӕн“.
Ӕз ӕрвылбон уемӕ Кувӕндоны уыдтӕн, ахуыр кодтон адӕмы, ӕмӕ Мӕ нӕ ахстат. Фӕлӕ Сыгъдӕг Фысты цы загъд ис, уый хъуамӕ сӕххӕст уа».
Иу ӕрыгон лӕппу, йӕ бӕгънӕг буар ӕмбӕрзӕны ӕрбатыхта, афтӕмӕй цыди Йӕ фӕдыл; ӕфсӕддонтӕ йӕм фӕлӕбурдтой.
Мӕнӕ рӕстӕг ӕрцӕуы, ӕниу, цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ сымах уӕ хӕдзӕрттӕм фӕлидздзыстут ӕмӕ Мӕ иунӕгӕй ныууадздзыстут. Фӕлӕ Ӕз иунӕг нӕ дӕн, уымӕн ӕмӕ Мӕ Фыд Мемӕ ис.
Йесо сын загъта: «Ӕмӕ уын ныридӕгӕн куы загътон, уый Ӕз дӕн, зӕгъгӕ. Уӕдӕ, кӕд Мӕн агурут, уӕд адоны ауадзут ӕмӕ ацӕуой».
Фыццаг хатт мӕхи сраст кӕныны тыххӕй куы раныхас кодтон тӕрхоны раз, уӕд мӕ цуры ничи уыди, уымӕн ӕмӕ мӕ иууылдӕр ныууагътой. Хуыцау сын ӕй ныббарӕд!