5 Ӕртӕсӕдӕ динарӕй фылдӕрыл ӕй ауӕйгӕнӕн куы уыди, уыцы ӕхца та — мӕгуыртыл байуарӕн». Ӕмӕ бустӕ кодтой сылгоймагыл.
Йӕ ныхасӕй-иу уад сыстади, хӕрдмӕ-иу фӕцыдысты денджызы уылӕнтӕ.
Цагъар та уырдыгӕй рацыд ӕмӕ фӕндагыл сӕмбӕлд, фондзыссӕдз динары дзы чи дардта, йӕ уыцы ӕмбалы. Ӕрцахста йӕ, ныххӕцыд ын йӕ хурхыл ӕмӕ загъта: „Цы мӕ дарыс, уый мын бафид“.
ӕмӕ, сӕ мызд куы райстой, уӕд сӕндоны хицауыл райдыдтой бустӕ кӕнын:
Ацы хӕрздӕфгӕнӕн уыди стыр аргъыл ауӕй кӕнӕн ӕмӕ уыцы ӕхца мӕгуыртӕн раттӕн».
Иуӕй-иутӕ рамӕсты сты ӕмӕ дзырдтой: «Цӕмӕн хъуыди уый бӕрц хӕрздӕфгӕнӕн хардз кӕнын?
Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Ныууадзут ӕй, цӕмӕн ӕй къӕмдзӕстыг кӕнут? Уый хорз хъуыддаг сарӕзта Мӕнӕн.
Фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ та Йӕм мӕсты кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Ай тӕригъӕдджынты суазӕг кӕны ӕмӕ ӕмвынг у семӕ».
Ӕхцайы лагъз Иудӕмӕ кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ йын Йесо, бӕрӕгбонмӕ сӕ цы хъӕуы, уый ӕлхӕнын кӕнӕ та мӕгуыртӕн исты раттын кӕны.
Йесо сын загъта: «Мӕсты ма кӕнут.
Филипп Ын дзуапп радта: «Цӕмӕй сӕ фӕйнӕ къӕбӕры фӕуа, уый тыххӕй дыууӕсӕдӕ динары аргъ дӕр кӕрдзын не сфаг уыдзӕн».
Бустӕ ма кӕнут, уыдонӕй бирӕтӕ куыд бустӕ кодтой, афтӕ; уый тыххӕй сӕ мӕлӕтхӕссӕг зӕд фӕцагъта.
Чи давта, уый мауал давӕд, уый бӕсты кусӕд, йӕхи къухтӕй пайдайаг хъуыддӕгтӕ кӕнӕд, ӕмӕ йӕм уа, хъуаг чи ӕййафы, уымӕ фӕкӕсыны фаг дӕр.
Уӕ цатырты бустӕ кодтат ӕмӕ дзырдтат: „Ӕнӕуынон стӕм Дунедарӕгӕн, ӕмӕ нӕ уымӕн ракодта Мысырӕй, цӕмӕй нӕ аморӕгты къухтӕм ратта ӕмӕ бабын уӕм.
Ӕппӕт дӕр кӕнут ӕнӕ хъуыр-хъуырӕй ӕмӕ ӕнӕ гуырысхойӕ,
Уыдон сты хъуырхъуыргӕнджытӕ, райгонд ницӕмӕй сты, цӕрынц сӕ монцтӕм гӕсгӕ, ӕмхиц сты хиппӕлой ныхӕстӕ ӕмӕ козбау митӕм сӕхи пайдайы сӕраппонд.