48 Уӕд Йесо адӕмӕн загъта: «Цыма абырӕджы ахсут, уыйау Мӕм кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ куы рацыдыстут.
Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ фӕзындис Иудӕ, дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу. Алчертӕ ӕмӕ йын адӕмы хистӕртӕ йемӕ рарвыстой бирӕ адӕм кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ.
Ӕмӕ Йесо адӕмӕн загъта: «Цыма абырӕг дӕн, уыйау Мӕм кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ куы рацыдыстут ахсынмӕ. Афтӕмӕй та Ӕз ӕрвылбон Кувӕндоны бадтӕн ӕмӕ уӕ ахуыр кодтон, ӕмӕ Мӕ уӕд нӕ ахстат.
Йӕ разы чи лӕууыд, уыдонӕй чидӕр кард фелвӕста, алчеры цагъары дзы ныццавта ӕмӕ йын йӕ хъус ахауын кодта.
Ӕз ӕрвылбон уемӕ Кувӕндоны уыдтӕн, ахуыр кодтон адӕмы, ӕмӕ Мӕ нӕ ахстат. Фӕлӕ Сыгъдӕг Фысты цы загъд ис, уый хъуамӕ сӕххӕст уа».
Ноджыдӕр ма загъта: «Мӕ паддзах йӕ цагъары фӕдыл цӕмӕн зилы? Цы ракодтон? Цӕмӕй дӕн аххосджын?