33 Йемӕ акодта Петр, Йаков ӕмӕ Иоанны. Мӕлӕты тас бацыди Йӕ зӕрдӕйы, ӕмӕ ӕрхӕндӕг кӕнын райдыдта.
Дӕ азарӕй мӕ бахиз, Дӕ къухы цӕфтӕй сӕфын ӕз.
Дунедарӕджы фӕндӕй уыди Йӕ удхар, Уый Йын схай кодта хъизӕмӕрттӕ. Тӕригъӕды нывондӕн Ӕй куы ӕрхӕссай, уӕд фендзӕни Йӕ цоты, бирӕ фӕцӕрдзӕн ӕмӕ Дунедарӕджы фӕндон сӕххӕст кӕндзӕн.
Зӕппадзмӕ куы бацыдысты, уӕд дзы рахизӕрдыгӕй федтой ӕрыгон лӕппуйы, урс дарӕсы бадгӕйӕ, ӕмӕ сыл стыр тас бахӕцыд.
Фӕлӕ сын уый загъта: «Ма тӕрсут. Сымах дзуарылтыгъд Назаретаг Йесойы агурут — ам нӕй, райгас ис. Мӕнӕ, кӕм Ӕй бавӕрдтой, уыцы бынат.
Ӕмӕ Йемӕ ацӕуын никӕй бауагъта, Петр, Йаков ӕмӕ Йаковы ӕфсымӕр Иоанны йеддӕмӕ.
Адӕм Йесойы куы ауыдтой, уӕд иууылдӕр стыр дисы бафтыдысты, Йӕ размӕ згъордтой ӕмӕ Йын салам лӕвӕрдтой.
Ӕхсӕз боны фӕстӕ Йесо Йемӕ рахуыдта Петр, Йаков ӕмӕ Иоанны, скодта сӕ бӕрзонд хохмӕ, ӕмӕ уым уыдысты хибарӕй. Сӕ разы Йӕ хуыз аивта.
Ӕмӕ, утӕхсӕн кӕнгӕйӕ, Йесо ноджы зӕрдиагдӕрӕй куывта; Йӕ хид туджы ӕртӕхтау зӕхмӕ тагъди.
Йӕ зӕххон буары ма куы уыди, уӕд дзыназгӕйӕ ӕмӕ цӕссыг калгӕйӕ куывта ӕмӕ куырдта, мӕлӕтӕй Йӕ фервӕзын кӕнын Кӕй бон уыди, уыцы Хуыцауӕй, ӕмӕ Йӕ Уый фехъуыста, аргъуыц Ын кӕй кодта, уый тыххӕй.