Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 14:31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31 Фӕлӕ Петр ноджы ныфсджындӕрӕй дзырдта: «Демӕ мӕ амӕлын куы бахъӕуа, уӕд дӕр Дыл ӕз мӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕн». Афтӕ дзырдтой иннӕтӕ дӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 14:31
17 Iomraidhean Croise  

Фараон ӕй бафарста: «Исты хъуаг мӕм ӕййафыс, мыййаг? Цӕмӕн дӕ фӕнды дӕ фыдызӕхмӕ ацӕуын?» Хадад ын дзуапп радта: «Ӕз хъуаг ницӕмӕй ӕййафын, фӕлӕ дӕ уӕддӕр курын, ауадз мӕ».


Хазаел бадис кодта: «Ау, ӕмӕ ӕз чи дӕн, цӕмӕй ахӕм хъуыддаг бакӕнон?» Елисей йын загъта: «Дунедарӕг мын раргом кодта, Арамы паддзах ды уыдзынӕ, уый».


Дӕ къухмӕ Дын дӕттын мӕ уд. О Дунедарӕг, иузӕрдион Хуыцау, фервӕзын мӕ кӕн!


Адӕм ӕмдзыхӕй загътой: «Сӕххӕст кӕндзыстӕм, Дунедарӕг цыдӕриддӕр загъта, уый!» Моисей Дунедарӕгмӕ фӕхӕццӕ кодта адӕмы дзуапп.


Сӕфты размӕ фӕзыны сӕрыстырдзинад, ӕрхауыны размӕ — ӕнӕввӕрсондзинад.


Мӕгуыр адӕймаг ныхас кӕны лӕгъстӕхуызӕй, хъӕздыг та гуырымыхъ дзуапп ратты.


Сӕрыстыр йӕхи сӕгад кӕндзӕн, сӕрныллӕг та скадджын уыдзӕн.


Дунедарӕг, ӕз базыдтон, адӕймаг йӕ цардвӕндагӕн хицау кӕй нӕу, уый, фӕндаггонӕн йӕ къахдзӕфтыл йӕ бар кӕй нӕ цӕуы.


Адӕймаджы зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр нӕй, нӕй йын срастгӕнӕн! Чи йӕ базондзӕн?


Адӕмы раз Мыл йӕхи чи атигъ кӕна, ууыл та Ӕз дӕр Мӕхи атигъ кӕндзынӕн Мӕ Уӕларвон Фыды раз.


Уыдон Ын дзуапп радтой: «Бауыдзӕн». Ӕмӕ сын уӕд Йесо загъта: «Ӕз цы хъизӕмӕртты кӕхцӕй нуазын, уымӕй нуаздзыстут ӕмӕ уыл саргъуыдӕуыдзӕн, Ӕз кӕй райсдзынӕн, ахӕм аргъуыдӕй.


Йесо йын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: ахсӕв уасӕг дыууӕ хатты нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи».


Уӕд ӕрцыдысты, Гефсимани кӕй хонынц, уыцы бынатмӕ. Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Цалынмӕ кувон, уӕдмӕ уал ам абадут».


Фӕлӕ адӕм уӕддӕр хъӕлӕсыдзагӕй хъӕр кодтой ӕмӕ домдтой Йесойы байтындзын. Пилаты басастой сӕ хъӕрӕй,


Петр Ын загъта: «Хицау, цӕуылнӕ мын ис ныр Дӕ фӕдыл ацӕуӕн? Ӕз мӕ цард дӕр ратдзынӕн Дӕу тыххӕй».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan