25 Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын, сӕнӕфсиры сӕнӕй нал бануаздзынӕн, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахады ног сӕнӕй бануазон, уӕдмӕ».
«Ма хъыгдарут Мӕ байсӕрстыты, мӕ пехуымпартӕн ӕвзӕрӕй мацы ракӕнут».
Уыцы заман хӕхтӕй ракӕлдзӕн сӕн, къуыбыртӕй — ӕхсыр, Иудӕйы ӕрхытӕ иууылдӕр донӕй байдзаг уыдзысты. Дунедарӕджы Кувӕндонӕй суадон ракӕлдзӕн ӕмӕ Ситтимы дӕлвӕз бафсаддзӕнис.
О, куыд хорз ӕмӕ куыд рӕсугъд уыдзысты! Хорӕй дидинӕг скалдзысты лӕппутӕ, ног сӕнӕй — чызджытӕ!
Зӕгъын уын, амӕй фӕстӕмӕ нал бануаздзынӕн ацы сӕнӕфсиры сӕнӕй, цалынмӕ Мӕ Фыды Паддзахады уемӕ ног сӕн бануазон, уӕдмӕ».
Ӕмӕ сын загъта: «Уый Мӕ Туг у — уымӕй фидаргӕнгӕ у Ног Фидыд, ӕмӕ уый бирӕты сӕрвӕлтау ныккӕлдзӕни.
Уый фӕстӕ азарыдысты арфӕйы зарӕг ӕмӕ Елеоны хохмӕ ацыдысты.