Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 14:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Фынджы уӕлхъус куы ӕрбадтысты, уӕд Йесо Йӕ къухмӕ райста дзул, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, ӕрсаста йӕ, алӕвӕрдта сӕм ӕй ӕмӕ загъта: «Айсут ӕмӕ хӕрут — уый Мӕ Буар у».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 14:22
18 Iomraidhean Croise  

Авд дзӕбӕх хъуджы амонынц авд азы, авд дзӕбӕх ӕфсиры дӕр — авд азы. Афтӕмӕй фын иу у.


Уалынмӕ мигӕнӕны ӕрхуы сӕр хӕрдмӕ ссыди, ӕмӕ мӕнӕ мигӕнӕны бады сылгоймаг.


Адӕмы ӕрбадын кодта кӕрдӕгыл, райста фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы, арвмӕ скасти, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, стӕй дзултӕ ӕрсаста ӕмӕ сӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта, уыдон та сӕ байуӕрстой адӕмыл.


Ӕмӕ сабиты Йӕ хъӕбысы ӕрбатыхта, Йӕ къухтӕ сыл авӕрдта ӕмӕ сын раарфӕ кодта.


Ӕниу, Адӕймаджы Фырт фӕцӕуы, Сыгъдӕг Фысты куыд загъдӕуы, афтӕ. Фӕлӕ сар йӕ сӕр, гадзрахатӕй Йыл чи рацӕуа, уымӕн. Уыцы адӕймаг куы нӕ райгуырдаид, уӕд ын хуыздӕр уыдаид».


Уый фӕстӕ райста сӕны кӕхц, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, алӕвӕрдта сӕм ӕй, ӕмӕ дзы се ’ппӕт дӕр бануӕзтой.


Ӕмӕ сын загъта: «Уый Мӕ Туг у — уымӕй фидаргӕнгӕ у Ног Фидыд, ӕмӕ уый бирӕты сӕрвӕлтау ныккӕлдзӕни.


Йесо райста фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы, арвмӕ скасти, Хуыцауӕн раарфӕ кодта, дзултӕ ӕрсаста ӕмӕ сӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта, цӕмӕй сӕ адӕмыл байуарой. Афтӕ дыууӕ кӕсаджы дӕр се ’ппӕтыл дӕр байуӕрста.


Райста сӕны кӕхц, Хуыцауӕн арфӕ ракодта ӕмӕ загъта: «Айсут ӕй ӕмӕ дзы алчидӕр ануазӕд.


Ӕмӕ Йесо фынгыл семӕ куы ӕрбадти, уӕд райста дзул, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, ӕрсаста йӕ ӕмӕ сӕм ӕй алӕвӕрдта.


Уалынмӕ Тивериадӕйӕ ӕрбацыдысты ӕндӕр бӕлӕгътӕ ӕмӕ, Бардарӕджы арфӕйы куывды фӕстӕ адӕм кӕрдзын кӕм хордтой, уыцы бынатмӕ хӕстӕг ӕрлӕууыдысты.


Се ’ппӕт дӕр нуӕзтой уыциу монон донӕй — семӕ чи цыди, уыцы монон къӕдзӕхӕй ракӕлгӕ донӕй; уыцы къӕдзӕх та уыди Чырысти.


Агар амоны Синайы хох Аравийы — фӕсномыгӕй уый у абоны Йерусалим, уымӕн ӕмӕ йӕ хъӕбултимӕ цагъарады ис.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan