20 Йесо сын загъта: «Дыууадӕсӕй иу, цӕхдоны Мемӕ йӕ къӕбӕр чи тулы, уый.
Зивӕггӕнаг хӕринаджы тӕбӕгъы йӕ къух нытътъыссы, фӕлӕ йӕ дзыхмӕ схӕссын зивӕг кӕны.
Йесо сын дзуапп радта: «Цӕхдоны Мемӕ йӕ къӕбӕр чи атылдта, уый Мӕ ауӕй кӕндзӕн.
Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ фӕзындис Иудӕ, дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу. Алчертӕ ӕмӕ йын адӕмы хистӕртӕ йемӕ рарвыстой бирӕ адӕм кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ.
Уыдон ӕрӕнкъард сты ӕмӕ Йӕ радыгай фӕрсын райдыдтой: «Уый ӕз уыдзынӕн, мыййаг?»
Ӕниу, Адӕймаджы Фырт фӕцӕуы, Сыгъдӕг Фысты куыд загъдӕуы, афтӕ. Фӕлӕ сар йӕ сӕр, гадзрахатӕй Йыл чи рацӕуа, уымӕн. Уыцы адӕймаг куы нӕ райгуырдаид, уӕд ын хуыздӕр уыдаид».
Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ фӕзынди Иудӕ, дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу, йемӕ — бирӕ адӕм кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ: алчертӕ, динамонджытӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ йын сӕ йемӕ рарвыстой.
Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ фӕзындысты адӕм, сӕ разӕй — Иудӕ, дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу. Уый бацыди Йесомӕ, цӕмӕй Йын аба кӕна.
Йесо йын дзуапп радта: «Мӕ къӕбӕр цӕхдоны куы атулон, уӕд ӕй кӕмӕ раттон, уый». Къӕбӕр цӕхдоны атылдта ӕмӕ йӕ радта Иудӕмӕ, Симон Искариоты фыртмӕ.
Йесо афтӕ Иудӕйӕ, Симон Искариоты фыртӕй, загъта. Уымӕн ӕмӕ Йыл Иудӕ, дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу, фӕстӕдӕр гадзрахатӕй рацыди.