19 Уыдон ӕрӕнкъард сты ӕмӕ Йӕ радыгай фӕрсын райдыдтой: «Уый ӕз уыдзынӕн, мыййаг?»
Уыдон тынг ӕрӕнкъард сты ӕмӕ Йӕ радыгай фӕрсын райдыдтой: «Уый, мыййаг, ӕз уыдзынӕн, Хицау?»
Ӕмӕ фынджы уӕлхъус куы бадтысты, уӕд Йесо загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: уӕ иу Мыл — ныртӕккӕ Мемӕ къӕбӕр чи хӕры, уый — гадзрахатӕй рацӕудзӕни».
Йесо сын загъта: «Дыууадӕсӕй иу, цӕхдоны Мемӕ йӕ къӕбӕр чи тулы, уый.
Уыцы ныхӕстӕм ахуыргӕнинӕгтӕ кӕрӕдзимӕ ракӕс-бакӕсыл фесты — Йесо кӕй тыххӕй зӕгъы, уый не ’мбӕрстой.